«Рæстдзинад» уе ‘цæг хæлар у!

0
223

Цæмæйты цæры Ирыстон, не ‘хсæнадон уацхæсджытæ цавæр фарстатæ рахæсдзысты рæгъмæ, цы сæ тынгдæр тыхсын кæны, цæуыл у сæ мæт, сæ сагъæс, сæ зæрдæтæ цæмæй барухс вæййынц? Æппæт уыцы фарстытæн дзуаппытæ райсæм, редакцийы постæй нæм сæ фыстæджытæ куы æрбадæттынц, уæд.

Куыд нæ хъуамæ бацин кæнæм ацы фыстæджытыл, æнæ уыдонæй газет газеты хуызæн нæу. Мæнæ къонвертæй исын Алагиры цæрæг, Тулойты-Кокойты Фатимæйы фыс-
тæг. Алы хатт дæр фæбæрæг кæны газетмæ йæ ахаст, куыд зынаргъ ын у, уыдæттæ ныффыссы. Бузныг, Фатимæ, де ‘рхъуыды бирæ, дæ арфæты аккаг куыд уæм, уымæ мах дæр тырнæм. Фæлæ, уæле, къæлæтджын бандæттыл бадджытæ искуы æрхъуыдыджындæр фæуыдзысты, ууыл тынг не ‘ууæндæм. Нырмæ иронау кæсын чи нæ базыдта, йæхицæн ахæм зын чи не скодта, уымæ цæмæ æнхъæлмæ кæсгæ у? Ницæмæ!
Кæрдзыны хъæуы хистæр, зындгонд уацхæссæг Богазты Арсæмæг цы æрмæджытæ æрбарвиты, уыдон адæймаджы дисы бафтауынц. Раджыйы хабæрттæ, ныры рæстæг, фæлтæрдджын фæллойгæнджытæ, сыхбæсты фидауц – сылгоймæгтæ… Ахæм темæтæ рахæссы рæгъмæ æмæ сæ кæс æмæ кæс. Æрмæст раджыйы заманы æгъдауджын фæсивæды, хистæрты кой нæ кæны Богазты Арсæмæг, куыд аив кафыдысты, куыд рæсугъд змæлыдысты «Хонгæ»-йы, фæлæ фыссы, куыд хызтысты иу æнтыстдзинадæй иннæмæ, куыд нæ тарстысты зындзинæдтæй, куыд уарзтой цард – уыдæттыл ныхас кæны газеткæсæгимæ.
Адæймаджы зæрдæйы цавæрдæр ныфс фæзыны, цыдæр къуылымпытæ йæ нал фæтыхсын кæнынц. Тыхджын у æхсæнадон уацхæсджыты бавнæлд. Мах æй æнкъарæм, бузныг стæм се ‘ппæтæй дæр. Уæдæ Уæллаг Фыййагдоны цæрæг Фæрниаты Раяйы фыст æрмæджытæ нæ алкæй зæрдæмæ дæр фæндаг ссарынц. Мæнæ цыма æрмæстдæр æгъдауджын, нымдджын адæймæгтыл æмбæлы Рая, афтæ фыссы. Алкæмæ дæр йæ бон ссарын у фæзминаг æууæлтæ. Æцæгдæр афтæ у, нæ алкæй уды дæр æфснайд сты æгъдау, æфсарм, нæ сæ сафæм, хæссæм сæ цардмæ. Иу фæлтæр иннæ фæлтæримæ уыдæтты руаджы ссары бастдзинæдтæ.
Уæдæ Джызæлы цæрæг Хосроты Заремæ «Рæстдзинад» нымайы йæ хуыздæр æмбалыл. Бузныг, уый тыххæй Заремæ, дæ ахаст, дæ зæрдæ куыд нæ аивай, уый нæ фæнды. Рæгъмæ рахæссы царды хъуагдзинæдтæ, тыхст-
дзинæдтæ, фарстатæ сæвæры. Фæлæ рæсугъд фæсивæды кой дæр арæх кæны. Йæ фæстаг фыстæджы æрхаста, телеканалы кæй федта Бызыккаты Таймураз æмæ Дзускуаты Таймуразы. Зæрдæмæдзæугæ ныхас кодтой иронау. Фæзминаг æрыгæттæ нæм бирæ ис, сæ цæрæнбон дæргъвæтин уæд.
Наркотиктæм йе ‘ргом чи аздæхта, уыдон дæр тыхсын кæнынц Хосроты Заремæйы, куыд ис уавæр банывыл кæнæн, уыдæттыл мæт кæны. Не ‘мбæхсы йæ сагъæс газет «Рæстдзинад»-ы тиражы тыххæй. Цæмæн афтæ уайы, цæмæн æй ныууагътой йæхи бар, уыдон хуымæтæг фарстатæ не сты. Домынц дзуаппытæ… Редакци йæ къухтæ нæ уадзы, нæ бон цы уа, уымæй архай-
дзыстæм, кусдзыстæм.
Уæдæ Хуссайраг поселочы цард зонæм Къæбысты Отары фыстæджытæй, йæ фиппаинæгтæ, йæ ахаст равдисы йæ фыстæджыты, бафтауы нæ кæм сагъæсы, кæм цины. Цæрукъаты Азæ, Хъуысаты Асæх, Тетаты Эльврик, Юрий Петросовы хъуыдытæ, хатдзæгтæ уайтагъд бынат ссарынц газеткæсджыты зæрдæты. Сæ иу фыстæг дæр хуымæтæджы фыст не ‘рцæуы, куы нæ ивгъуыдмæ ахонынц, куы ныры заман февзæрæм, уæд фидæныл сæмбæлæм. Æхсæнадон уацхæссæг суæвын æнцон нæу, бæрнондзинад дзы ис, уый æмбарынц, газетмæ ныффыссыны хæс йæхимæ чи райсы, уыдон.
Æрхæссæн ма ис иннæ æхсæнадон уацхæсджыты мыггæгтæ дæр, сæ алкæй фыстæг дæр нын ахсджиаг у, æнхъæлмæ сæм кæсæм. Фыссут нæм, фыссут, «Рæстдзинад» уе ‘цæг хæлар у…

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here