Сывæллонмæ зилынæн

0
192

Афæдз æмæ ’рдæг кæуыл нæма сæххæст, закъонмæ гæсгæ, ахæм сывæллонмæ зилыны фæдыл фидгæ отпусчы ацæуыны бар ис канд мадæн нæ, фæлæ фыд æмæ сабимæ æцæг уагæй зилæг иннæ кусæг хиуæттæм дæр.

Зæгъæм, фыдтæ сæхимæ сывæллонмæ зилыны фæдыл хæстæ куы райсынц, Цæгат Ирыстоны вæййынц ахæм цаутæ дæр. Фарон – 25, ацы азы райдайæнæй нырмæ та 5 нæлгоймаджы сарæзтой декретон отпусчы ацæуыны фæдыл гæххæттытæ. Афæдз æмæ ’рдæг кæуыл нæма сæххæст, ныртæккæ, æмткæй райсгæйæ, 30 цæгатирыстойнаг нæлгоймаджы сты ахæм сабимæ зилыны фæдыл отпусчы.
– Уæвæн ис, æмæ нæлгоймагмæ декретон отпускæн гæххæттытæ саразыны фæндон сæвзæрдзæн царды алыхуызон уавæрты. Фыд цалынмæ отпусчы ис, уæдмæ йын йæ куысты бынат бахъахъхъæнынц æмæ йын декреты рæстæг фæллойадон стажмæ бахæссынц. Адæймагæн ис декретон отпускæй æххæстæй, науæд та хайгай спайда кæныны бар – æнцондæр дын куыд уыдзæн, афтæ. Уымæй уæлдай, фыдмæ ис пособи исыны æмæ уыцы-иу рæстæг æнæххæст кусгæ бон фæллой кæныны бар, – зæгъы Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Таболты Сергей.
Сывæллонмæ зилыны фæдыл пособийы бæрц хæццæ кæны раздæры дыууæ къæлиндарон азы тыххæй рæстæмбис мызды 40 процентмæ. Зæгъæм, отпуск ацы аз кæд райдайа, уæд нымайынц æндæразы æмæ фароны рæстæмбис мызды бæрц.
Фиппаинаг: амынд пособийы бæрц федералон закъоны фидаргонд тæккæ къаддæр бæрцæй къаддæр хъуамæ ма уа. Ацы аз Цæгат Ирыстоны тæккæ къаддæр бæрц у 9227,24 сомы. Пособиисджытæн раздæры мæйы тыххæй фæрæзтæ барвитынц алы ныры мæйы 9-æм боны агъоммæ.
Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центр: 8-800-100-00-01.

УФ-йы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here