Уæлахизы бонмæ

0
265

Ацы аз нæ бæстæ бæрæг кæны Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 79 азы. Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны 9 Май сбæрæг кæнынмæ. Республикон комитет «Уæлахиз»-ы уынаффæйæ фидаргонд æрцыдысты бæрæгбоны мадзæлттæ, комитетæн разамынд дæтты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Мадзæлтты пъланмæ бахастæуыд регионалон ахадындзинадимæ 90 алыхуызон хъуыддаджы. А уалдзæг æппæт республикæйы бавнæлдтой æфсымæрон ингæнтæ, зæрдылдарæн бынæттæм базилынмæ, уæдæ федералон программæмæ гæсгæ цæуынц цалцæджы-сногкæныны куыстытæ. Апрелы кæрон æфсады службæйы агъоммæ фæсивæдæн скæндзысты спартакиадæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хъæппæрисæй скæндзысты акци «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс». Республикæйы æппæт рекламон фæзуæттыл равæрдзысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты хуызистытæ. Хæсты ветерантæ бæрæгбонмæ райсдзысты иухаттон æхцайы æххуыс æмæ республикæйы Сæргълæууæджы Арфæйы фыстæджытæ. «Æрджынарæджы кулдуар»-ы цурмæ 4 майы æрæмбырд уыдзысты сабырдзинадимæ баст автодугъы архайджытæ, скæндзысты митинг Уæлахизы боны кадæн.
Национ музейы 5 майы уыдзæн «Ирыстоны нывгæнджытæ хæсты тыххæй»-йы равдыст, рæгъмæ рахæсдзысты
хæсты заман фыст нывтæ. Намысы Мемориалы 8 майы уыдзæн хæстон зарæджы концерт. Уæлахизы боны агъоммæ æппæт цыртдзæвæнты, мемориалты, æфсымæрон ингæнты цур скæндзысты зæрдылдарæн хъуыддæгтæ, сæвæрдзысты дидинджытæ, дидинджыты бæстытæ.
Дзæуджыхъæуы 9 Майы уыдзæн хæстон парад, Сæрибары фæзыл ацæудзысты хæстонтæ, суворовонтæ, уый фæстæ та – «Æнæмæлгæ полкъ»-ы адæмон рацыд. Уыцы бон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло скæндзæн каддджын фембæлд ветерантимæ. Изæры, 19 сахатыл Ленины фæзыл уыдзæн бæрæгбоны концерт.
Иннæ мадзæлттæ, нысантæ дæр æххæстгонд æрцæудзысты.

РЦИ-Алнийы
Сæргълæууæджы

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here