Зынгсирвæзтæй бахизынæн

0
213

Национ проект «Экологи»-мæ хауæг федералон проект «Хъæд бахъахъхъæнын»-мæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы хъæд ногæй ныссадзынæн фæз-уæттæ фæфылдæр кæныны фæдыл мадзæлттæ.

Ныртæккæ нæ республикæйы хъæддарды сæйраг хæс у хъæд зынгсирвæзтæй бахъахъхъæнын (Гидрометеорологийы цæгаткавказаг управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рæхджы Цæгат Ирыстоны хъæдæн зынгсирвæзтытæй тæссаг кæй уыдзæн, уæлдайдæр та уый нымайгæйæ).
Хъæд зынгсирвæзтæй бахизынмæ арæзт пълангонд мадзæлттæ афоныл æмæ нывыл уагæй æххæстгонд цæуынц æви нæ, Цæгат Ирыстоны Æр-дзон авналæнтæ æмæ экологийы министрады æмæ хъæууон районты админис-
трациты кусджытæ, стæй барадхъахъхъæнджытæ уый бæлвырд кæнынц, стæй хицауады æвастæй фæсалсудзæг адæймæгты агурынц.
– Уæрæсейы Президент æмæ Хицауад алы регионæн дæр кæй сфидар кодтой, нæ хæс у æрвылаз хъæды зынгсирвæзтыты фæзуат фæкъаддæр кæныны фæдыл уыцы бæрæггæнæнтæ æххæст кæнын. Цæгат Ирыстон кæй æххæст кæны, хъæд зынгсирвæзтытæй бахизыны фæдыл уыцы мадзæлтты: ома, видеоцæстдарды фæрцы зынгсирвæзты артдзæст рæвдз рабæрæг кæныны, хъæды рад хæссыны æмæ зынгсирвæзт йæ райдайæны ахуыссын кæныны фæрцы фæстаг цалдæр азы дæргъы нæ регионы хъæды зынгсирвæзтытæ нæ уыдис. Национ проект «Экологи»-мæ гæсгæ кæй балхæдтам, ныртæккæ нæ хъæды зынгхуыссынгæнджытæм ис бирæ ахæм нырыккон ифтонггæрзтæ, – зæгъы амынд министрады разамонæг Бæззаты Вадим.
Фиппаинаг: æмбарынгæнæн куыст парахатæй æххæстгонд кæй цæуы, уый руаджы фарон 13 уæрæсейаг регионы (адоны ‘хсæн – Цæгат Ирыстон дæр) хъæды зынгсирвæзтытæ нæ уыдис.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here