Коррупцион фыдракæнд раргом…

0
264

Сæрмагонд оперативон-агурæн мадзæлттæ саразгæйæ, Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы управленийы службæгæнджытæ рабæрæг кодтой коррупцион фæзындтытимæ баст фыдракæнд.

Ахæм æнæзакъон архайдæй управленийы слестгæнджытæ зылын кæнынц Дзæуджыхъæуы мидхъуыддæгты управленийы 3-æм хайады миграцийы фарстаты фæдыл инспектор æмæ хистæр инспекторы.
Афтæ, оперативон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, гуырысхойæгтæ, рагагъоммæ баныхас кæнгæйæ, фæсарæйнаг бæстæтæй иуы цæрæгæй гæртам бадомдтой 20 мин сомы бæрцæй. Ахæм «аргъ» инспектортæ сæвæрдтой амынд адæймаджы Уæрæсейы Федерацийы регистраци скæнын æмæ йын нæ бæстæйы фæллойадон архайд кæнынæн бардæттæг гæххæттытæ саразыны хъуыддагæн.
Æдасдзинады федералон службæйы оперативон кусджыты æрмæджыты бындурыл УФ-йы Слестгæнæг комитеты цæгатирыстойнаг управлени дыууæ пъæлицæйаджы ныхмæ сарæзта уголовон хъуыддаг. Уыимæ, тæрхондоны уынаффæйæ гуырысхойæгтæй иуы бакодтой слестгæнæн изоляторы, иннæмæн та сæвæрдтой хæдзармæ ахсты фæтк.
Слестгæнджытæ иртасынц фыдракæнды æппæт æууæлтæ дæр.

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæйы РЦИ-Аланийы
управленийы
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here