Сæ рухс нæмттæ сын æрымысдзыстæм

0
686

Дыккаг дунеон хæст кæронмæ куы фæцæйхæццæ кодта, уыцы заман – 1945 азы 6 æмæ 9 августы – америкаг хæдтæхджытæ япойнаг горæттæ Хиросимæ æмæ Нагасакийыл фыццаг атомон бомбæтæ кæй æрæппæрс-
той, планетæйы цæрджытæй уый ныр дæр рох нæу.

Тыхджын рæмыгъдтыты аххосæй мингай адæймæгтæ удæгасæй басыгъдысты, адзалæй чи аирвæзт, уыдон æмæ сæ фæстагæттæ та дæсгай азты фæстæ дæр уæззау низтæй сæйынц.
Ядерон хæцæнгарз æппæтæй раздæр кæмæ фæзынд, уыцы паддзахад – Америкæйы Иугонд Штаттæ – æппæт дунейæн æлдариуæг кæныны фæнд скодта. Нæ бæстæйы бахъуыд хи атомон уарт саразын. Ядерон хæцæнгарзаразæг куыстуæттæй иу уыд Челябинскы облæсты куыстадон иугонд «Маяк». Ам удуæлдайæ чи фыдæбон кодта, уыцы мингай советон адæймæгты æхсæн уыдысты Цæгат Ирыстонæй рацæуджытæ дæр.
1951-1958 азты амынд куыстадон иугонды æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæ чи кодта, уыдонæй 350 адæймаджы уыдысты нæ республикæйæ рацæуæг лæппутæ, «Маяк»-ы сæйраг инженеры бынат та ахста не ’мзæххон Татраты Тасолтан. 1957 азы 29 сентябры «Маяк»-ы атомон фыдбылыз куы æрцыд, уыцы бон дзы службæ кодтой ирыстойнæгтæ Юрий Алехин, Бæдоаты Муратбег, Бететы Созыр, Бидеты Альберт, Тъехты Валентин, Токаты Сафарбег æмæ æндæртæ. Ацы адæмæн сæ фылдæр хай удæгас нал у. Ядерон бæллæхы фæстиуджытæ сæ мæрдтæм батардтой.
Дунейы фыццаг æмæ æппæтæй егъаудæр космодром «Байконур» сарæзтой Казахстаны. «Байконур»-æй космосмæ ракетæтæ уадзыны заман мингай специалисттæн (адоны æхсæн – не ’мзæххонтæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ инæлар-лейтенант Коцойты Айтек, Сабеты Виктор æмæ æндæртæ) тæссаг уыд ядерон тынты ахадындзинадæй хъыгдард баййафынæй.
1961 азы 4 июлы Атлантикон фурды хæстон хæслæвæрд æххæстгæнæг, ядерон хæцæнгарзæй ифтонггонд доныбынтыцæуæг К-19 науыл фыдбылыз кæй æрцыд, бирæтæ уый нæ зонынц. Стыр хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад равдисæг денджызонтæ (адоны æхсæн – цæгатирыстойнæгтæ, 2-æм къæпхæны старшинатæ Виктор Шерпилов æмæ Геннадий Каралуп) ядерон реактор срæмудзын нæ бауагътой æмæ афтæмæй адзалхæссæг радиацион тынтæй фурд бахъахъхъæдтой.
1986 азы 26 апрелы Украинæйы, Киевы облæсты Чернобылы атомон электростанцæйы æрцыд стыр радиацион фыдбылыз. Ядерон бæллæхтæй адæмæн канд хæсты нæ, фæлæ сабыр царды уавæрты дæр тæссаг кæй у, чернобылаг фыдбылыз ууыл дзурæг уыд. Егъау Советон Цæдис æппæт гæнæнтæй архайдта ядерон хъомпалы ныхмæ тох кæныныл, знаггадхæссæг радиацион тынтæ кæцæй цыд, цыбыр рæстæгмæ уыцы 4-æм энергоблок тынуромæн æрмæгæй сæхгæныныл. Стыр бæстæйы алыхуызон регионтæй Чернобылмæ æрбацæуæг æфсæддон службæгæнджытæ, цардæн тæссаг уавæрты архайгæйæ, нæзынгæ знаджы ныхмæ удуæлдайæ тох кодтой. Ядерон фыдбæллæхæн æвирхъау фæстиуджытæ кæй ис, уый хатгæйæ, Чернобылмæ æрвыст æфсæддонтæ сæ хæслæвæрдтæ æнаиппæй æххæст кодтой.
Киевы облæсты æрцæуæг ядерон фыдбылызы фæстиуджытæ чи аиуварс кодта, уыцы 1700 цæгатирыстойнагæй (адоны æхсæн уыдысты нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Фриаты Хъазыбег, Чернобылæгты цæдисы сæрдар Кокойты Владимир, Быдтаты Евгени, Александр Кучер, Тристан Сихоношвили æмæ бирæ æндæртæ) ныридæгæн ма не ’хсæн цæрынц цыппарсæдæ адæймагæй къаддæр. Радиацион тынты аххосæй хъыгдардбаййафæг ацы адæм æрвылаз дзæбæхгæнинаг вæййынц. Ядерон бæллæхы фæстиуджытæ иуварсгæнджытæй фæндзай адæймагæй фылдæр хорзæхгонд æрцыдысты Хъæбатырдзинады орденæй æмæ æндæр хæстон хæрзиуджытæй.
Ядерон фыдбылызты фæстиуджытæ чи аиуварс кодта æмæ абон не ’хсæн чи нал ис, уыцы адæмы рухс нæмттæ ссарынæн ацы азы 26 апрелы11 сахатыл Дзæуджыхъæуы Калинины уынджы æрбынæттонуæвæг скверы раздæрау сараздзыстæм æмбырд. Ядерон хъомпалæй дзыллæты бахъахъхъæнæг адæмы рухс нæмттæ рохгæнинаг не сты.

Юрий Титаренко,
Чернобылы фыдбылызы
фæстиуджытæ
иуварсгæнæг,
РЦИ-Аланийы
кадджын ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here