Адæмимæ фембæлд

0
267

Æрæджы Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады хицау, пъæлицæйы булкъон Тылаттаты Аслæнбегæн уыд комкоммæ фембæлд бахатæг æм адæмимæ.

Районы цæрæг адæм хайады разамонæгмæ алыхуызон фарстаты фæдыл бахатыдысты. Тылатты-фырт алы бахатæг æм адæймагæн дæр бæлвырд дзуапп радта, стæй хайады дæлхайæдты разамонджытæн адæмы фарстаты фæдыл хæстæ сбæлвырд кодта. Ацы фембæлдтыты рæстæг адæммæ ис мидхъуыддæгты хайады разамонæгæн пъæлицæйы куысты, адæймаджы барты хъахъхъæнынад æмæ архайæг закъонæвæрынад æххæст кæныны тыххæй фарстытæ радтыны бар. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады хицау æмæ йæ хæдивджытæ бахатæг сæм адæймæгтимæ фембæлынц мæнæ ахæм адрисмæ гæсгæ: Алагир, Инæлар Бесолы-фырты уынг, 1, фыццæгæм уæладзыг. Фембæлды тыххæй рагацау фæдзурын æмбæлы 8(86731) 3-36-00 телефонæй.
Фарста кæд æвæстиатæй лыггæнинаг у, уæд Тылаттаты Аслæнбег цæттæ у адæмимæ æнæрадæй фембæлынмæ.

Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты министрады
Алагиры районы хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here