Уæрæсейы фыццаг къорды футболон чемпионаты командæтæ 24 апрелы акодтой сæ 28-æм хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы ФК «Алани» уыцы бон Грознайы фембæлд чемпионаты фæстаг бынаты цæуæг командæ «Кубань»-имæ.
Айразмæйы бирæ къуыхцыты фæстæ ацы хатт дзæуджыхъæуккæгтæн бантыст фæуæлахиз уæвын.
Хъазтæн райдианæй кæронмæ алайнæгтæ тырныдтой фæуæлахиз уæвынмæ, æмæ сын уый бантыст фембæлды дыккаг таймы.
63-æм минутыл Ислам Машуков байгом кодта хыгъд, æмæ «Алани» размæ рацыд 1:0-æй. Уымæй 13 минуты фæстæдæр иттæг рæсугъд рауад алайнæгты ныббырст, æмæ Гуырцъыты Батрадзы æрбалæвæрдæй Гаглойты Тарас хыгъд скодта 2:0. Уый нæ, фæлæ ма, тæрхонгæнæг хъазтмæ цы фондз минуты бафтыдта, уыдонæн сæ фæстаджы Гаглойты Тарас бакъуырдта дыккаг гол, æмæ «Алани» фæуæлахиз 3:0 хыгъдæй. Ацы рамбылды руа-
джы нæ командæ баззад 8-æм бынаты. Ныр ма йын чемпионаты кæронмæ цы æхсæз хъазты баззад, уыдоны хъуамæ тырна 4-æм бынатмæ схизынмæ.
«Алани»-йы сæйраг тренер Евгений Калешин куыд зæгъы, афтæмæй нæ командæ йе ’ппæт тыхтæй дæр тырндзæнис уыцы нысанмæ. «Нæ зæрдæ дарæм, «Кубань»-имæ хъазты фæуæлахиз нæ футболисттæн ныфсы хос кæй фæуыдзæн æмæ йæ иннæ фембæлдтыты дæр сæ архайд тыхджындæр кæй кæндзæн», – загъта Евгений Калешин.
Чемпионаты 28-æм фембæлдтытæ ахицæн стыахæм хыгъдтимæ: «Тюмень» – «Черноморец» – 1:1, «СКА-Хабаровск» – «Родина» – 2:1, «Волгарь» – «Торпедо» – 1:1, «Алания» – «Кубань» – 3:0, «Акрон» – «Ленинградец» – 0:0, «Сокол» – «Енисей» – 0:2, «Нефтехимик» – «Шинник» – 1:2, «Химки» – «КамАЗ» – 1:0, «Динамо» (Махачкала) – «Арсенал» (Тула) – 0:0.
Баскаты Уырызмæг












