Иу уæлыгæс йæ фырытæ аскъæрдта хъæугæрон хуымгæрсты, йæхæдæг фæззыгон уазалы уыгæсы рæбын батымбыл. Фырытæ уайтагъд апырх сты. Кæсы лæппу – сæ рæзты саргъы бæхыл æрбацæуы иу урсзачъе зæронд лæг. Дзуры йæм:
– Бахатыр кæн, зæронд лæг, кæй дæм уæндын, уый… Мæ фырытæ мын раздах, æмæ дын бацамондзынæн, æцæгæй мæнджы астæу цас ис, уый.
Барæг, кæй зæгъын æй хъæуы, рамæсты, фæлæ ницы сдзырдта. Йæ маст куы атад, уæд та йæм ахæм хъуыды ’рцыд: «Бавзарон, кæддæра, цы зæгъид ацы гыццыл лæппу».
Бæхы сæр фездæхта æмæ фырыты лæппуйы цурмæ ’рбатымбыл кодта. Дзуры уæлбæхæй:
– Зæгъ ныр, æцæгæй мæнджы астæу цас ис, уый.
Лæппу йæ цыппар æнгуылдзы йæ рахиз цæстæй йæ рахиз хъусы астæу авæрдта æмæ дзуапп радта зæронд лæгæн:
– Хъусæй кæй фехъусай, уый у мæнг, цæстæй кæй фенай, уый у æцæг: æцæгæй мæнджы астæу ис цыппар æнгуылдзы.
Цæгæраты Созырыхъо














