Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг бархион къорд «Алани»-йы хæстонтимæ фембæлд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый ныхас кодта бархионтимæ, бузныг сын загъта Фыдыбæстæйæн сæ зæрдæбын, удуæлдай архайды, патриотизм æмæ æнгомдзинады тыххæй.
– Сымах уыдыстут фыццæгтæ, 2022 азы уæ уæ зæрдæтæ ахуыдтой бæстæйы сæраппонд балæууынмæ. Рæнхъыты куы æрлæууыдыстут, уæдæй мах хæцæнгарзæй æмæ удæй стæм æфсымæртæ. Æнцон нæ уыд, фæлæ нæ фæцудыдтат, хæрзиуджыты аккаг стут. Нæ бархионты къордты нын зонынц Уæрæсейы разамынд, иннæ хæстонтæ. Уæ размæ æвæрд хæстæ æххæст кæнут аккаг хуызы, дæнцæгæн уæ хæссынц. Хъыгагæн, æнæ зиан дæр нæ баззайæм, фæлæ уæ æдзард æмбæлттæ æнустæм баззайдзысты къорды рæнхъыты, – загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыдоны нæмттæ æрымысыдысты, æдзæмæй минут алæугæйæ. Уый фæстæ æфсæддонтæ райстой хæрзиуджытæ.
Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указæй, хæстон хæс æххæстгæнгæйæ, лæгдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй хæрзиуджытæ райстой:
Лæгдзинады ордентæ:
Æлборты Дэвид
Баситы Алан
Бесаты Ацæмæз
Гобеты Ибрагим
Дзигойты Алыксандр
Икъоты Юри
Козаты Дмитри
Хъуылымбегты Сергей
Хизри Магомедов
Остъаты Шалва
Хуыбежты Альберт
Арсен Шепиев
Æхсардзинады тыххæй
майдантæ:
Валерий Анохин
Баталты Таймураз
Павел Брычев
Уазæгты Альберт
Габатты Тигран
Гуырдзыбеты Рафаэль
Лалыты Уырызмæг
Цхуырбаты Алан
Цхуырбаты Сæрмæт
Уæрæсейы Федерацийы Гæрзифтонг тыхты Генералон штабы Сæйраг управленийы командæкæнынады
арфæтæ:
Гæбæраты Годердзи
Гуыбаты Маринæ
Джусойты Альберт
Сланты Мæдинæ
Джиоты Жаннæ
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй Уæрæсейы Федерацийы сæрмагонд æфсæддон операцийæн ахъаз кæныны тыххæй майдан «Ирыстоны Намысæн»-æй хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны Национ банчы сæрдар Джиоты Жаннæ. Хæстон цауты ветеранты бæлвырдгæнæнтæ райстой 20 æфсæддонæй фылдæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ
Хицауады пресс-службæ














