Чырыстон диныл хæст æппæт адæмæн зæрдæбынæй арфæ кæнын Сыгъдæг Чырыстийы Райгасы, цытджын Куадзæны бæрæгбоны фæдыл!
Нæ бирæдинджын республикæйы чырыстон дины традицитæ тынг фидар сты. Куадзæн алы хатт дæр фæбæрæг кæнæм цингæнгæйæ, царды тыхыл æууæнкимæ. Чырыстон дины ахадгæдæр бæрæгбон æвдисы уды егъау тых, уый адæймагæн лæвар кæны æууæнк, уæззау фæлварæнты сæрты йæ бон ахизын бавæййы. Ногæй та адæймаджы зæрдыл æрлæууын кæны уды сыгъдæгдзинад, хæстæгдæр æм чи у, уыдонмæ уарзондзинад, зындзинæдтæ æвзарджытыл аудындзинад.
Абон нæ бæстæ æвзары уæззау фæлварæнтæ, ныгуылæйнаг дуне нын нæ культурæ, нæ традицитæ, нæ истори аивын сфæнд кодта, нæ разæй нын скæнынмæ хъавы æцæгæлон уаджы хуызтæ. Уыдон хонынц адæймаджы удысконд аивынмæ, цардæн кæрон сæвæрынмæ. Махæн уыдон сты цардхалæн митæ. Мах бахъахъхъæнын хъæуы нæ удварны иудзинад, хорз æмæ рæстагмæ тырнындзинад.
Сыгъдæг Куадзæны бон уын мæ зæрдæ зæгъы амонд, уарзондзинад, æнæниздзинад æмæ фарн!
Ацы Куадзæны бон алкæй хæдзармæ дæр æрбахæссæд сабырдзинад æмæ разыдзинад, æууæнк æмæ уарзондзинад, алкæй дæр фæнды цард рæсугъддæр æмæ ирддæр скæнын. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ амонд æмæ фарнимæ цæрæнт!
Сыгъдæг Чырыстийы бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмбæстæгтæ! Æнæниз, уды хъарм æмæ бинонты фарнæй хайджын ут!
Сергей Меняйло,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг














