Нæ бæстæйы Президент Владимир Путины хæслæвæрдыл иумæйагæй кусынц Культурæ æмæ Ахуырады федералон министрадтæ. Ныртæккæ уал ахæм театрты нымæц хæццæ кæны 28 минмæ, ацы афæдзы кæронмæ та хъуамæ театртæ уа алы скъолайы дæр.
Куыд цæуы куыст ацы федералон проектыл нæ республикæйы, цавæр фидæн ис скъолаты театртæн, ууыл ныхас цыд СОРИПКРО-йы конференцийы. Йæ аразæг, педагогон наукæты кандидат, уæлæмхасæн ахуырады сгуыхт кусæг Цорæты Фатимæ фæхуыдта ныхасмæ, скъолаты театртæ æмæ студиты райрæзтыл чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæ æмæ профессионалты. Се ‘хсæн – Театралон архайджыты цæдисы минæвæрттæ Бекъойты Розæ, Пагæты Фатимæ, Æлхъацаты Мæдинæ æмæ Тыбылты Анжеликæ.
Конференцийы архайджытæн «æгасцуай» загъта РЦИ-Аланийы культурæйы министры хæдивæг Хъуыссæты Зæлинæ.
«Ирон адæмæн театр зонгæ у незамантæй. Зæгъæм, театралон элементтæ хорз зынынц, чындзæхсæвы æгъдæуттæм лæмбынæгдæр æркæсгæйæ. Бузныг зæгъын, ацы арфæйаг
хъуыддагыл чи кусы, уыдонæн, Театралон архайджыты цæдисæн, цы егъау æвæрæн хæссынц, уый тыххæй», – загъта министры хæдивæг.
Театр у, сывæллæтты чи разæнгард кæны æмæ сын сæ курдиат чи æргом кæны, ахæм фæзынд – ахæм уыд раныхасгæнджыты иумæйаг хъуыды. Сæ куысты фæлтæрддзинады тыххæй бирæты фæндыд радзурын.
«Фæнды мæ, цæмæй, скъолайы театры чи архайы, уыцы сывæллæттæ хицæн кæной сæ хъæздыг миддунейæ, сæ алыварсмæ цæстæнгасæй», – загъта йæ раныхасы РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ Æлхъацаты Мæдинæ. Æмæ уый, æцæгдæр, афтæ у. Дигорайаг Елбайты Агнессæйы раныхас уыд цины æнкъарæнтимæ. Йæ хъомылгæнинæгтимæ сæ спектакльтæ равдыстой Дур-Дуры интернат «Надеждæ» æмæ Донбассы сывæллæттæн. Йæхæдæг фыссы æмдзæвгæтæ, сценаритæ, сценæйы æвæры канд аргъæуттыл нæ, фæлæ ма æхсæнады риссаг фарстатыл дæр сценкæтæ.
«Кусын райдыдтон хистæркъласонтимæ 2018 азы. Равдыстам аргъау, æрдз куыд хъахъхъæнын хъæуы, уый тыххæй Дигорайы æртыккæгæм скъолайы. Уый фæстæ сæвæрдтам спектакль, равдыстам дзы адæмты ‘хсæн хæлардзинады тыххæй аргъау. Æхсызгон мын уыд, ахуыргæнджыты фиппаинæгтæ, театры архайæг сывæллæттæн сæ кæсынад кæй фæхуыздæр, дзурын дæр арæхстджындæрæй кæй райдыдтой, уый тыххæй. Фæстæдæр мæм цыппæрæм къласы ахуырдзаутæ бахатыдысты, мах дæр театры фæнды архайын, зæгъгæ, æмæ афтæмæй фæзынд дыккаг театралон къорд дæр», – радзырдта Агнессæ.
Абон Уæрæсейы ис хоры музыкæйы театртæ æмæ тынг активонæй рæзынц. РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг Мамыкъаты Людмилæ разамынд кæмæн дæтты, уыцы зарæггæнджыты къорд «Æлутон» се сфæлдыстадон гæнæнтæй равдыстой ног фæзынд конференцийы архайджытæн.
Нæ республикæйы сгуыхт артисткæ Тыбылты Анжеликæ бирæ азты кусы уæлæмхасæн ахуырады къабазы дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, скъолайы театр тынг æххуыс уаид ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн. Радзырдта, ирон фольклоры фæрæзтæй йæ куысты куыд пайда кæны, уый тыххæй. Сывæллæттимæ иумæ саразынц къæцæлын чындзытæ, бахуыйынц сын къабатæ. Сæ театралон архайд саив кæнынц ирон рагон зарджытæй, «Чепена», кæнæ нымæтуæрдджыты зарæгæй. Ахуыр кæны семæ тагъддзуринæгтæ, цæуынц хæдзаронтæ, амоны сын ирон хъæзтытæ.
Дзæуджыхъæуы 7-æм скъолайы бирæ азты дæргъы кусы театралон къорд «Аренæ». Афтæ та уымæн хуыйны, æмæ театралон сценæ у аренæйы хуызæн, уым адæймаг фæуæлахиз вæййы йæ тасдзинæдтыл. Къорды разамонæг Дзанайты Иринæ куыд радзырдта, афтæмæй сæ ныфс хæссынц дунеон æмæ уырыссаг классикты пьесæтæм. Йæ театралон къорды ис, куыд стыр курдиаты хицæуттæ, афтæ, царды тæссаг уавæрты чи бахаудта, ахæм скъоладзаутæ дæр.
Конференцийы архайджытæ тынг æхсызгонæй æнхъæлмæ кастысты Бекъойты Розæйы раныхасмæ æмæ йæ хъуыдытæм. Цавæр вазыгджын фарстатæм раздаха йе’ргом Ирон театр, ууыл уыд йæ ныхас æмæ йæ сагъæс нæ рес-
публикæйы хистæр режиссер, дыууæ æнусы æвдисæн Бекъойты Розæйæн: «Ирон адæмы цардæй цы равдисой абон, уый у стыр хъуыдыйаг. Нæ хистæр кары фæлтæр, астæуккаг фæлтæр, фысгæ чи кодта, театрмæ хæстæг чи лæууыд, уыдон бирæ не сты. Иронау пьесæ чи ныффысса, ахæм нал ис. Ныфс мæ ис Хозиты Барисæй, уый йæ алыварс æмбырд кæны, чи фыссы, ахæмты. Хуыцау зæгъæд, æмæ йын бантыса ахæм æмгуыстады фæрцы хорз пьесæтæ раттын Ирон театрæн».
Конференцийы кæронбæттæны йæ архайджытæн лæвæрд æрцыд сертификаттæ, махмæ та райгуырд ныфс, скъолаты театртæн хорз фидæн кæй ис, уымæй.
Мамиаты Лолитæ














