Ивгъуыд къуыри Ирыстоны хъæбысхæсты спорты иузæрдион фарсхæцджытæн рауад æгæр æнкъард. Спортуарзджытæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты Мæскуыйы уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионаты Ирыстоны богæлттæ, куыд рахæцдзысты, уымæ. Спортуарзджыты уырныдта, нæ богæлттæ тыхджындæрты ’хсæн къордæй хорзæхджын кæй уыдзысты, уый. Хъыгагæн, чемпионаты цыд ирыстойнæгты пайдайæн нæ рауад, уæлдайдæр – Олимпиаг хъæзтыты программæмæ хаст уæзты.
Фыццаг дыууæ боны бæрæггонд цыдысты, Олимпиаг хъæзтыты программæмæ цы цыппар уæзы нæ хауынц, уыдоны, ома: 61, 70, 79 æмæ 92 кг онг уæзтæ. Уымæй уæлдай, ерыстæ цыдысты сылгоймæгты ’хсæн дæр.
Уыцы ерысты нæ чызджытæй сæрæн хæст ракодта Танделаты Аминæ. Уый фæуæлахиз æртæ ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны дæр 9:4 хыгъдæй æмбылдта Татарстаны минæвар Екатеринæ Кошкинайы, фæлæ, æнæнхъæлæджы йæ къах кæй фæцæф, уый аххосæй фæхæрд æмæ бацахста 2-аг бынат 62 кг онг уæзы.
Нæлгоймæгты ерысты 61 кг онг уæзы 3-аг бынат бацахста Гобаты Артем, 92 кг онг уæзы та фесгуыхт Багаты Алан. Иннæ уæзты ирыстойнаг богæлттæн нæ бантыст призон бынæттæ бацахсын.
Уæлдай лæмæгъдæр рауад нæ богæлтты архайд, Олимпиаг уæзты хæцгæйæ. Ацы æхсæз уæзы: 57, 65, 74, 86, 97 æмæ 125 кг онг ерысты архайдтой 28 ирыстойнаг богалы. Ацы хатт чемпионаты нæ уыдысты Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау Сидахъаты Зауырбег æмæ Европæйы дыууæ хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты бынат бацахсæг Найфонты Артур.
Хъыгагæн, нæ 28 богалæй иуæн дæр нæ бантыст призон бынат бацахсын. Ахæм лæмæгъ архайд, иуæй, дисы ’фтауы, иннæмæй та домы йæ аххосæгтæм бындуронæй æркæсын. Куыд ис сразы уæвæн нæ спортивон кадхæссæг уæгъдибар хъæбысхæст ахæм заууат уавæры ныууадзыныл! Кæд ахæм худинаджы уавæрмæ æр-
хаудыстæм, уæддæр нæ хъуамæ уырна, йæ сраст кæнын нын кæй бантысдзæн æмæ та нæ номдзыд скъолайы ном, раздæрау, кæй нæрдзæн.
Цæмæй афтæ рауайа, уый тыххæй та архайын хъæуы æвæстиатæй. Хъуамæ нæ зындгонд тренертæ, спорты ветерантæ æмæ спортивон кусджытæ лæмбынæг æркæсой сæвзæрд уавæрмæ æмæ дзы скæной раст хатдзæгтæ. Æрмæстдæр афтæмæй ис фарстатæн пайдахæссæг дзуапп радтын хъуыддагæй.
Баскаты Уырызмæг












