Æмæ та æрхæццæ, æрхъæцмæ кæуыл нæ хъæцыдыстæм æмæ нæхи зæрдиагæй кæмæ цæттæ кодтам, уыцы фарны бæрæгбон — Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
Уыцы кадджын бæрæгбон не ‘ппæтыл дæр æвæры уæлдай фылдæр æмæ бæрнондæр хæстæ. Æмæ уый хъуамæ æмбарой, нæ мадæлон æвзаджы дарддæры рæзт æмæ йæ парахат кæныны фарстатæ кæмæ хауынц, уыдон. Ирон æвзаджы бæрæгбон хъуамæ уа алы бон дæр, алы сахат дæр. Бæрæгбоны та-иу хъуамæ хатдзæгтæ конд æрцæуид, цы бакуыстам ирон æвзаджы сæрвæлтау афæ-дзы дæргъы.
Не ‘ппæт дæр мах хъуамæ нæхи хъарæм ууыл, цæмæй алы ирон хæдзармæ дæр ирон æвзаг барджынæй бакъахдзæф кæна. Ууыл, æнæмæнг, кусынц Ахуырады министрад, уæлдæр æмæ астæуккаг скъолатæ, рæвдауæндæттæ, газет «Рæстдзинад», телеуынынад æмæ радио дæр. Фæлæ уыдоны куыст афтæ тынг нæ сахаддзæн, бинонты ‘хсæн ирон дзырд, Ходы Камалы загъдау, æхсæры къæрццау куы нæ хъуыса, уæд.
Уæдæ не ‘ппæт дæр, нæ ирон адæм, зæрдиагæй бацархайæм ууыл, цæмæй ирон æвзагæн алы бон дæр бæрæгбон суа.