Нæ национ культурæйы дзырддзæугæ классик Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр»-ы рауагъдыл абон сæххæст 125 азы, æмæ афтæмæй бæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.
Уый уыд дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстады æгъдæутты æппæты раздæры сфæлдыстад ирон фыццаг уагъд чиныг. Ирон æвзаг нымад у нæ адæмы литературон культурон æвдисæныл, ивгъуыд æмæ ныры царды фидар бастдзинадыл, нæ рагфыдæлты æнусон куырыхондзинад æмæ удвæрнон бынтæ иугæнæг æвæджиауы лæварыл.
Бинонтæ æвзаджы æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн, стæй, рæзгæ фæлтæр адæмы удвæрнон хæзнатæн кад цæмæй кæной, уымæн кæй ахъаз кæнынц, уый хынцгæйæ, Ирон æвзаджы бон «Бинонты аз»-ы кæй бæрæг кæнæм, уымæн ис стыр ахадындзинад. Мах хæс у нæ гуырæнты фарс хæцын, мадæлон æвзаг хъахъхъæнын æмæ йæ райрæзтæн ахъаз кæнын, стæй нæ рагфыдæлты аккаг уæвын. Æвзагхæсджыты æнæмæнг чи иу кæны, уыцы зæрдылдарæн бон банымайæн ис æнусты дæргъы Ирыстоны цæрæг æппæт адæмты минæвæртты хæлар-дзинад æмæ иудзинады æвдисæныл.
Зынаргъ æмзæххонтæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Мæ зæрдæ уын зæгъы амонд, сабырдзинад æмæ фæрныгад!
Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
Парламенты Сæрдар