Зæрдиаг арфæ уын кæнын нæ ахсджиагдæр бæрæгбæттæй иу – Ирон æвзаг æмæ литературæйы боны фæдыл!
Ацы бæрæгбонæн йæ нысан у ирон адæмы национ хиæмбарынад æмæ хæдхуыздзинад, стæй, нæ æхсæнады удварны бындур чи у, уыцы культурон хицæндзинад бахъахъхъæнын.
Æмбал кæмæн нæй, не стырдæр уыцы хæзна – не ‘взаг бахъахъхъæнын, фæхъæздыгдæр æй кæнын æмæ йæ фидæны фæлтæртæм адæттын не ‘ппæтæн дæр у иумæйаг хæс, республикæйы хицауадæн та – комкоммæ йæ сæйраг хæс. Баст у, ирон æвзагыл чи фыссы æмæ программæтæ чи аразы, дзыллон хабархæссæг уыцы фæрæзтæн, стæй хуыздæр литератортæ æмæ уацхæсджытæн æххуыс кæнынимæ.
Нæ республикæйы æххæстгонд цæуы, ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн,
ахуыр æй кæнынæн æмæ йæ дарддæры рæзтæн уавæртæ чи аразы, æрвылбоны цардмæ йæ æмхицдæр чи кæны, ахæм программæ. Æппæт мадзæлттæн дæр сæ нысан у иу – ирон æвзаг хъуамæ хъуыса алы ран æмæ алы бон дæр. Ирон æвзагыл дзурæг æрыгон фæлтæр хъуамæ зона, нæ рагон фыдæлтæ нын цы удварны хæзнатæ ныууагътой, уыдон, æмæ, семæ фидар баст кæй сты, уый хъуамæ æнкъара.
Нæ кæстæртæн арæзт æрцыд æмæ кусы Ирон æвзаджы центр. Уым сывæллæттæн, стæй сæ ныййарджытæн фадат ис ирон æвзаг, ирон культурæ æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæнын, цæмæй сæ бон уа фидæны фæлтæртæн сæ зонын-дзинæдтæ раттын.
Ирон æвзагыл фыст цæуынц наукон куыстытæ, литературон уацмыстæ, уацхæсджытæн мыхуыргонд цæуынц ахсджиаг æрмæджытæ.
Ацы рæсугъд бæрæгбон уын мæ зæрдæ зæгъы фарн, ирон æвзаг алы хæдзарæй дæр куыд хъуыса, ахæм амонд нæ уæд!
Сергей Меняйло,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг