Паддзахадон бæрæгбæтты ‘хсæн Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон уæлдай уарзон у алы ирон адæймагæн дæр. 2003 азы республикæйы уæды Президент ДЗАСОХТЫ Алыксандр йæ бардзырдæй снысан кодта ацы бæрæгбон. Хицауады минæвæрттæ, сæ сæргъы республикæйы разамонæг Сергей МЕНЯЙЛО, Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис, Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, æхсæнадон организацитæ æмæ сфæлдыстадон интеллигенци æрбацыдысты Къостайы ингæнмæ, цæмæй ма ноджы иу хатт æрымысой поэты ном, уымæн æмæ бæрæгбон фидар тæгтæй баст у Къоста æмæ йе ‘нæмæлгæ «Ирон фæндыр»-имæ.
Кадджын мадзал байгом кодта Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис
«Мадæлон æвзагæй диссагдæр нæй дунейы мидæг, æмæ абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй кад кæнæм не ‘взагæн. Нæ мадæлон æвзаг хъуамæ хъахъхъæнæм мах нæхæдæг, æмæ, нæхи зæххыл цæргæйæ, хъуамæ бæрзонд хæссæм нæ намыс, не ‘взаг, нæ кад», – загъта Хозиты Барис æмæ ныхасы бар радта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн. Йæ аив ирон дзырдмæ йын ныхъхъуыстой хистæрæй-кæс-тæрмæ.
«Абон стыр бæрæгбон у Ирыстонæн. Къостайы ном мысæм, йæ царды мидæг бирæ скодта, цæмæй ирон æвзаг æмæ литературæ цæрой, цæмæй сæ нæхæдæг дæр зонæм, хæссæм сæ æмæ cæ нæ кæстæртæн фæдзæхсæм. Ирон адæймаг кæм и, уым ирон æвзаг хъуыды кæнынц, сæ кæрæдзиимæ йыл дзурынц. Мах куы бафæнда, уæд нæ кæстæртæ дæр иронау дзурдзысты æмæ æмбардзысты. Цалынмæ ирон æвзаг ис, уалынмæ ис ирон адæймаг æмæ Ирыстон», – загъта Сергей Меняйло.
Æмзонд у йемæ зынгæ æхсæнадон архайæг, фæлтæрдджын ахуыргæнæг Бургалаты Заремæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæрæгбон у ахсджиаг фæрæз, цæмæй не ‘взагмæ нæ цæст æрдарæм, цæмæй йæм цымыдисдæр кæной нæ кæстæртæ. «Хъуамæ йыл дзургæ кæнæм, фыццаджыдæр та, хъуыды кæнæм. Афтæмæй ис бахъахъхъæнæн не ‘взаг», – загъта Бургалон.
Бæрæгбон саив кодтой мидисджын музыкалон-литературон композицийæ базарадон-экономикон колледжы студенттæ. Тынг разыйæ сæ баззадысты мадзалы архайджытæ.
Республикæйы Ахуырады министрады национ ахуырад æмæ æвзаджы хайады хицау Нæкуысаты Иринæ сын зæрдиагæй арфæ ракодта, бæрæгбоны уæз сæхимæ кæй айстой, уый фæдыл. Уæдæ уазджытæ иууылдæр бафиппайдтой, Ирон аргъуаны кæрты базарадон-экономикон колледжы студенттæ, сæ сæргъы Æбиты Валери, Дзусты Беллæ, удæгас дидинджытæ сæ къухы, афтæмæй, аив рæнхъæй ралæугæйæ, уазджытыл куыд æмбæлдысты, уый. Дзæуджыхъæуы 1-æм, 13-æм, 15-æм, 45-æм, 50-æм æмæ 29-æм скъолаты ахуырдзаутæ та удæгас дидинджытæ сæвæрдтой цыртдзæвæнтыл.
Дарддæр бæрæгбоны мадзæлттæ ахæццæ сты Театралон фæзмæ. Уырдæм æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Культурæйы министрады минæвæрттæ, æхсæнадон организацитæ, Дзæуджыхъæуы Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы студенттæ, сæ сæргъы – Хетæгкаты Аслан æмæ ирон театры артисттæ. Удæгас дидинджытæ сæвæргæйæ, мадзалы архайджытæ рацыдысты Ирон театры центрон бацæуæнмæ. Уым арфæйы ныхæсты фæстæ театры артисттæ Мелыкаты Замирæ, Тыбылаты Анжелæ, Уаниаты Валери æмæ Рæмонаты Ритæ бакастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ, Персаты Тамарæ та заргæ акодта.
Ирон æвзаджы кадæн 2019 азы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты республикон комитеты хъæппæрисæй нысангонд æрцыд нæ республикæйы паддзахадон преми, ирон æвзагыл чи фыссы, уыцы уацхæсджытæн. Национ музейы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис кадджын уавæры схорзæхджын кодта конкурсы уæлахиздзауты.
Æрвылазон преми «Мæ уарзон Ирыстон»-ы дип-ломтæ æмæ æхцайы премитæ 50 мин сомы лæвæрд æрцыдысты Дзугаты Риммæ, Зыхъуаты Жаннæ, Налдыхъуаты Зæлинæ, Сæлбиты Дианæ æмæ Колыты Людмилæйæн. Алчидæр дзы йæ профессионалон архайды фæлгæты æмæ премийы домæнтæм гæсгæ хуыздæрæй йæхи равдыста.
Дзугаты Риммæ, Дзæу-джыхъæуы Центрон чиныгдоны кусæг, конкурсмæ балæвæрдта цалдæр уацы, се ‘хсæн, йæ райгуырæн Кировы хъæуы 100 азы тыххæй, Хестанты Победæйы цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст. Бузныг у, йæ фыссынадæн ын ахæм бæрзонд аргъ кæй скодтой, уымæй.
«Мах ацы преми сарæзтам, цæмæй алы ирон æвзагыл фыссæг уацхæссæг дæр йæхиуыл банкъара, кæй йыл узæлæм, йæ куыстæн ын бæрзонд аргъ кæй кæнæм, уый», – загъта комитеты сæргълæууæджы хæдивæг Габалты Мæдинæ. Раздæр мах аргъ кодтам уацхæсджыты куыстытæн цыппар номинацимæ гæсгæ. Ацы аз ма сыл бафтыдтам иу номинаци – «Афæдзы темæ», зæгъгæ, æмæ равзæрстам Къос-тайы темæ йæ 165 азы кадæн».
Цæмæй ацы преми бирæ азты актуалон уа, уый тыххæй йæ аразджытæ ног азæй нысан кæнынц, информацион фæрæзы статус кæмæн нæй, фæлæ, интернеты чи кусы, ахæм информацион хызтæн, блогертæн конкурсы архайынæн бар раттын. Хъуамæ сын фæзына сæрмагонд номинаци. Рес-публикæйы Сæргълæу-уæг Сергей Меняйло дæр уыцы фарстайы тыххæй йæ
хъуыды загъта, ома, хъæуы, информацийы куыст чи кæны, уыдоны номхыгъд фæуæрæхдæр кæнын.
Мадæлон æвзаг æмæ литературæйы кадæн бирæ зæрдæмæдзæугæ мадзæлттæ, æркастытæ, равдыстытæ арæзт æрцыд. Фæлæ уыдон дæр фаг нæ уыдзысты, бинонты ‘хсæн ирон ныхас куы нæ хъуыса, мад йæ сабимæ мадæлон æвзагыл куы нæ дзура, уæд. Алы ирон адæймаг дæр йæ æрвылбон царды хъуамæ æнкъара, не ‘взаг кæй у национ удварны сæйрагдæр хæзнатæй иу.
Мамиаты Лолитæ
Къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова














