РЦИ-Аланийы автономийы 100 азы кадæн ирон культурæйы бæрæгбон арæзт æрцыд Хабаровскы крайы, горæт Комсомольск-на-Амурейы. Ахæм цымыдисаг фембæлд бацæттæ кодта Хурыскæсæйнаг федералон зылды Цæгат Ирыстоны Иудадзыгон минæварад.
Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы бонты уыцы горæты йæ куыст кæны Куадзæны хурыскæсæйнаг фыццаг музыкалон фестиваль. Мадзал арæзт цæуы Бетъырбухы Мариинаг театры хурыскæсæйнаг филиалы разамынды хъæппæрисæй. Мариинаг театрæн разамынд нæ зындгонд æмзæххон Гергиты Валери кæй дæтты, уыцы æууæл зæрдыл даргæйæ, ирон культурæйы бæрæгбон саразджытæ бацархайдтой, цæмæй сæ фембæлд скæной Куадзæны фестивалы фæзтæй иуы. Афтæмæй алайнаг культурæйы боны архайджыты суазæг кодта Андрей Михайленкойы номыл драмон театр.
Фембæлдмæ цы бирæ адæм саккаг кодта, уыдонæн уыд Цæгат Ирыстоны рагон истори æмæ абоны царды хабæрттимæ, ирон культурæ æмæ адæмон традицитимæ базонгæ уæвыны фадат. РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Хурыскæсæйнаг федералон зылды Хидирты Валери æмæ бынæттон ирон диаспорæйы иннæ минæвæрттæ бацархайдтой, цæмæй регионы цæрджытæ банкъарой Цæгат Ирыстоны хæдбындур удварн æмæ йæ адæмы удхъомысы тæваг, цымыдисдзинад сæм равзæра дард кавказаг республикæйы цардмæ…
Фембæлд сæ аивадæй барæсугъд кодтой Мариинаг театры филиалы зарæггæнджытæ æмæ музыканттæ – уыдон равдыстой æмæ акодтой уырыссаг æмæ фæсарæйнаг классикæйы уацмыстæй скъуыддзæгтæ. Театры бацæуæны та куыста къамты равдыст «Аланыстоны удварны хæзнатæ» (уый баст уыд чырыстон динаргъуыд райсыны 1100 азы бæрæгбонимæ).
Æмбырды кæронбæттæны Хидирты Валери РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минæварады арфæйы фыстæджыты саккаг кодта горæт Комсомольск-на-Амурейы сæргълæууæг Александр Жорник æмæ бæрæгбоны иннæ кадджын уазджытæн. «Хицаудзинады оргæнтæ æмæ æхсæнад Ирыстоны минæварад æмæ ирон диаспорæйы уæнгты хъæппæристæм алкæддæр стыр æргом раздахынц, нæ фарсмæ æрбалæууынц. Уый тыххæй сын зæгъын бузныг! Хæстæгдæр рæстæг ма фæнд кæнæм Цæгат Ирыстоны ацы азы ахсджиаг юбилейтимæ баст цалдæр фембæлды саразын», – фæстæдæр радзырдта Хидиры-фырт.
Ацы зæрдæмæдзæугæ фембæлд бацæттæ кæныны хъуыддагмæ йе ‘ххуысы хай бахаста РЦИ-Аланийы Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрад дæр. Ведомствæйы минæвар «Рæстдзинад»-æн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы, Ирыстон Уæрæсеимæ баиу уæвыны 250 азы æмæ Дзæуджыхъæуы 240 азы юбилейты кадæн ахæм мадзæлттæ азы дæргъы арæзт цæудзысты æндæр уæрæсейаг регионты, стæй фæсарæнты дæр. Ууыл министрады бæрнон кусджытæ баныхас кодтой Мæскуыйы, Екатеринбурджы, Краснодары, Сочи æмæ иннæ фыдыбæстæйаг æмæ фæсарæйнаг регионты ирон æхсæнæдты уæнгтимæ. Уыимæ, стырдæр ирон диаспорæтæ кæм æрбынæттон сты, уыцы горæтты скæндзысты егъаудæр мадзæлттæ «Ирон культурæйы бонты» фæлгæты.
Национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министрады специалисттæ рохуаты нæ ныууадздзысты æнæмæлгæ Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бæрæгбон дæр. Поэты кадæн цы номарæн мадзæлттæ сараздзысты, уыдонæн сæ сæйрагдæртæй иу уыдзæн Хъæрæсе-Черкесийы, Лабæйы хъæуы. Уый дæр цæттæ кæнынц бынæттон ирæттимæ иумæйаг хъарутæй…
Сланты Аслан














