Ӕцæг хабар
Кусгæ бон кæронмæ ‘рхæццæ, æмæ Таймураз — хирургийы хайады сæргълæууæг- хæдзармæ цæуынæввонг йæ кусæнуатæй куыд рахызт, афтæ йæ размæ фæцис Арсен — рынчынтæм зилæг æрыгон дохтыр.
— Таймураз Уасилы-фырт, кардæй цæф лæппуйы ‘рбаластой, операцитæгæнæн залы ис!
Таймураз æнæ иу ныхасæй баздæхт кабинетмæ, йæ уæлæ тагъд-тагъд халат æрбакодта, æмæ дыууæйæ дæр атындзыдтой операцитæ кæнæн залмæ. Цæугæ-цæуын Арсен йæ ныхас дарддæр кодта:
— Æрыгон лæппу у, йе ‘мбæлттимæ фæхъаугъа, æмæ йын дзы сæ кæцыдæр йæ риуы кард ныссагъта. Зондзынæ йæ, стадионы раз арæх бонасадæн кæнынц, хъылма æмæ нозтæй дæр арæх фæхынцынц сæхи.
Хайады операцитæ кодтой æрмæстдæр пъланмæ гæсгæ, тагъд æххуысы фæдыл сæ горæты иннæ рынчындæттæм ластой. Уæдæ, йæ дзæбæхгæнæндонмæ удæгасæй нал бахæццæ кæндзыстæм, зæгъгæ, йæ баскъæфтой, стадионы фарсмæ цы рынчындон уыд, уырдæм. Дзæбæх та дзы æвзаргæ адæймæгты кодтой, хуымæтæг кусæджы рынчынты ‘хсæн не ссардтаис. Къæлидоры пъолтæ — гауызтæй æмбæрзт, тыргъты — къæлæтджын бандæттæ, рудзгуытыл — хæрзаив æмбæрзæнтæ, алы ран дæр — алыхуызон экзотикон зайæгойтæ. Иу ныхасæй — дзæнæты бынат.
Дохтыртæ бахæццæ сты операцитæгæнæн блокмæ. Рынчынтæ ласæныл хуыссыд, Таймураз-иу куыстмæ цæугæйæ уынджы арæх кæуыл æмбæлд, уыцы лæппуты къордæй иу. Цыдаид ыл фондз æмæ ссæдз азы, фæлæ бакастæй æнæзылд зæронд лæджы хуызæн уыд. Таймураз йæ къухтæ ‘хсынмæ бавнæлдта, тагъд кæнын хъуыд, туг хуылфмæ фæцыд, æмæ йæ бауромынæн фæстæгæнæн нал уыд, алы минут дæр ахсджиаг уыд. Йæ къухтæ ныхсадта, спъирттæй сæ байсæрста, йе ‘ххуысгæнæг медицинон хо йæм фæкаст автоклавы фых уæлæдарæс æмæ æрмкъухтæ скæнынмæ.
Операци райдыдта, æнæ иу сныхасæй стъолы алыварс сæ удтæй арт цагътой, рынчыны аирвæзыныл мæлæтимæ тохы чи бацыд, уыцы дохтыртæ. Æрмæст хъуыст, наркоз дæттæн аппараты барджын сыф-сыф.
Дæрддзæф, цыма къæвдайы сæхатæм бæласы бын лæууынц, уыйау тарстхуызæй дохтырты змæлдмæ кастысты, наркоз чи лæвæрдта, уыцы дохтыр — ахуыргæнæджы студенттæ.
Операци фæцис, иттæг хорз рауад, æмæ бригады уæнгтæ æхсызгонæй сулæфыдысты, сæ кæрæдзийы хъазæн ныхæстæй стыдтой. Бригадæн Таймураз «бузныг» загъта, æмæ операцион блокæй сæ кусæнуæттыл апырх сты, рынчыны палатæмæ раластой, афтæмæй.
Ууыл иуцасдæр рацыд, Таймураз, æхсæв-бон нæ зонгæйæ, йæ цæст дардта лæппуйы уавæрмæ. Суанг æхсæвыгæтты, адæм тарф фынæй куы кодтой, уæд-иу уыцы рæстæг дæр æрбадзырдта радхæссæг дохтырмæ йæ рынчыны уавæр базонынмæ, йæ зæрдæ-иу æм куы фехсайдта, уæд-иу æрбацыд кæнæ амынддзинæдтæ ратта.
Хъуыддæгтæ цыдысты зæрдæйы фæндиаг, лæппу дæр бонæй-бон сæрæндæр кодта. Студенттæ та ацы хатт дæр фæзындысты рынчындонмæ практикон ахуыртæм. Раст уыцы рæстæг, йæ зæрдæйыл операци кæмæн скодтой, уыцы лæппу, мæхи хорз æнкъарын, зæгъгæ, йæхи фæнд атардта, дохтыры амынддзинæдтæ ницæмæуал æрдаргæйæ йæ хуыссæнуатæй рабадт, кæд æй дохтыр карзæй бафæдзæхста, ма-иу сыст, уæддæр. Йæхиуыл фервæссыд, рахызт палатæйæ. Æрхауд, ахицæн… Бæргæ ма архайдтой дохтыртæ цардмæ йæ раздахыныл, фæлæ ацы хатт мæлæт тыхджындæр разынд…
— Ацы истори хайады сæргълæууæджы стъолыл сæвæр, — зæгъгæ, анестезиолог-ахуыргæнæг дзуры студент-чызгмæ. Уый дæр æй райста æмæ йæ рахаста хайады сæргълæууæджы кабинетмæ. Дуар бахоста, дзуапп ын куы ничи радта, уæд дзы, ничи ис æнхъæлæй, дуарæй бахызт æмæ цавддурау фæцис, сагъдау лæугæйæ баззад: Таймураз куыдта æмырæй, куыдта къæдзæхыйас лæг, хъуыстгонд хирург, сæдæгай адæймæгты мæлæты дзæмбытæй чи скъахта, уыцы дохтыр. Чызг, уыцы ныв фенгæйæ, фефсæрмы æмæ рынчыны историимæ хайады постмæ азгъордта, медицинон хойæн, Таймураз Уасилы фыртмæ йæ ратт, зæгъгæ.
Рынчындонæй рацыд йе ‘мкурсонтимæ, фæлæ фенд ныв йæ цæстыты разæй нæ хызт, не ‘мбæрста, нæлгоймаг куыд хъуамæ кæуа, уæлдайдæр — дохтыр, царды бынæй схизыныл хъуыды дæр чи нæ кодта, ууыл.
Цæмæй зыдта æвзонг сыгъдæг уд, уый æнахуыр зын операци кæй уыд, уыцы уавæрты йæ фæлтæрдджын скæнæгæй йæ уды иу хай кæй фæхъуыд. Цæссыгтæ та, йæ царды егъаудæр бæллиц рынчыны æнæрхъуыдыдзинады аххосæй кæй нæ сæххæст, ууыл кæй уыдысты… Дохтыры цæссыгтæ сæфт бæллицыл…