Аллергийы афон

0
59

Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй аллергийæ фæрынчын уæвынмæ адæмы 70 проценты сты æмхиц, рынчын та сты сæ 30 проценты. Йæ аххосаг — буары низтæй хизæг хызы куысты цы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры, уый аххосæй адæймаджы æнæниздзинадæн пайдахæссæг буаргъæдтæ зианхæссæг свæййынц, иу ныхасæй, иммунитет сæ ныхмæ цæуын райдайы. Ацы низ расайынц нервытæ дæр.
Алыхуызон сты уыцы буаргъæдтæ, хæлцæй райдай æмæ суанг цæрæгойты фист æмæ рыгæй фæу. Бынтон уынгæджы та уалдзæгæй фæззæгмæ вæййынц ацы низæй рынчынтæ. Уалдзæджы — бæлæстæ æмæ зайæгойты дидинæг æфтауыны рæстæг, сæрд — алыхуызон кæрдæджыты, уыдонимæ амброзийы рапарахат фæззæджы фæуазæлтты онг. Æмæ кæд афæдзы дæргъы аллергентæй адæймагæн ис фадат хи хъахъхъæнынæн, уæд æрдзы афонты цыд нæ бауромдзæн.
Низ йæхи куыд æвдисы, уымæ гæсгæ бамбарæн ис, аллергийы райдианы кæй лæууы адæймаг. Æххуыс агурын хъæуы дохтыр-аллергологмæ, цæмæй ма стыхджын уа. Йæ фæстиуджытæ дæргъвæтин æмæ хатт уæззау фæхæссынц. Нырыккон хостæ зынгæ фæхуыздæр кодтой аллергийæ рынчынты уавæр, арæхдæр сæ хизын райдыдтой ахæм низтæ, куыд бронхæты астмæ æмæ адæймаджы цармы низты цыд тыхджындæр кæнынæй.
Куыд дзæбæхгæнгæ у аллергийæ æмæ дзы хи бахизынæн цы мадзæлттæй хъæуы пайда кæнын, уый та уын бацамондзæн дохтыр-аллерголог. Уæхи хъахъхъæнут æмæ æнæниз ут!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here