Кадæггæнæг Хъалæгаты Иналдыхъо

0
331

Хъыгагæн, арæх нæ хъусæм, Ирыстоны цы кадæггæнджытæ уыдис, уыдоны уацмыстæ. Æнæнхъæлæджы сыл чингуыты сæмбæлæм, æмæ нæ цымыдисæн кæрон нæ вæййы. Уыцы кадджыты адæймаджы цæстытыл ауайынц нæ рагфыдæлты цардыуаг, сæ миниуджытæ, культурæ æмæ æгъдæуттæ.
Джимарайаг Хъалæгаты Иналдыхъойы кадджытæ радзырдты хуызæн сты, цыма ивгъуыды историйы чиныг кæсыс, афтæ. Йæ уацмысты ис сæрыстырдзинад, хъæбатырдзинад æмæ худинаджы мотивтæ дæр. Æргом дзырдта æгъдаухалджыты ныхмæ, сæ хъæндзинæдтæ æмæ худинаджы митæ сын хурмæ калдта, цин кодта, йе ‘мбæстæгтæй Ирыстон æмæ фыдæлты номæн кад чи кодта, уыдоны сгуыхтдзинæдтыл. Зарджытæ-кадджыты сын сæ ном кæмæн æгады бынаты æвæрдта, кæмæн та сæрыстырæй амыдта.
Дзагуырты Гуыбады 1921 азы Хъалæгаты Иналдыхъойы цард æмæ сфæлдыстады хабæрттæ фæфыста бæстон. Фæфарста йын йæхи. Йæ мысинæгтæ та фæстæдæр хицæн чиныгæй рауагъта.
«Цымыдисаг сты Иналдыхъойæн йæ царды хабæрттæ. Йæхæдæг сæ куыд ракодта, афтæмæй райгуырди æмæ схъомыл Джимарайы æмæ йыл Дæргъæвсы аргъуаны чиныгмæ гæсгæ цæуы 82 азы, фæлæ йæ иннæ ныхæстæй уыцы хабары ныхмæ рацыди. Дзырдта, зæгъгæ, Куындыхаты Муссæ Туркмæ куы лыгъди, уæд, дам, æз дугъы бадын фæрæзтон, барæг уыдтæн, цыдис мыл 11 азы. Хæрз æрыгонæй фæцалх бæхыл бадынмæ. Архайдта дугъты. Райста-иу фыццаг лæвар. Уыцы дугътæй Иналдыхъо хъуыды кодта авд: Цорæты Гæбис, Уарзиаты Мила, Дзукъаты Тасо, Майрæмыхъуаты Дзабо, Слонаты-Дудараты Лактемыр æмæ Къубалты Куыдзыгуысы дугътæ. Йе ‘мбæлттæй 30 барæгимæ уыдис Парижы дæр. Уый уыди 1895 азы æппæтдунеон равдыстыты рæстæджы. Йе ‘мбæлттæй ма æрымысыди беслæныхъæуккаг Торчынты Джетесы, æрыдойнæгтæ Дзеранты Саукуыдз, Гæбуты Илас, Гæбуты Елдзарыхъо æмæ карцайаг Есиаты Хадзыбечыры. Уæд ныффыста Иналдыхъо йæхæдæг зарæг «Цом Парижмæ». Фæндырыл цагъта, афтæмæй йæ азарыд. Фæлæ йæ ферох, нæ дзы ферох æрмæст Парижы цард æмæ хъазгæ-мхасæнты афтæ бакодта, Парижы, дам, цард хорз у, сыгъдæг, хъæлдзæг, хъæздыг æмæ æнæфсарм.
Æвзонджы бонты Хъалæгаты Иналдыхъо фæцалх хъисын фæндырæй цæгъдыныл. Хуыдтой-иу æй чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæм. Уыдис Тугъанты хъæуы, (абоны Дур-Дур), Тугъанты хъæздыг Амырхан йæ лæппуйæн ус куы хаста, уæд. Бруты та дыууæ хатты уыд. Хорз зонгæ уыди Зыгъуытаты куырм Бибоимæ. Бибо афтæ загъта Иналдыхъойы тыххæй: «Амæ Хуыцауы комытæф хæццæ кæны, уый йеддæмæ кæцæй æрхæссы уыцы ныхæстæ?» Хъалæгаты Иналдыхъо æрдзæй уыдис курдиатджын лæг, фæллойгæнæг адæмæй. Æнцонæй æвзæрста адæймаджы хъуагдзинæдтæ æмæ-иу уайтагъд ссардта, цы дзырдтæй сæ равдисын хъæуы, уыдон», — фыста йæ мысинæгты Дзагуырты Гуыбады.
Хъалæгаты кадæггæнæджы ныхæстæй фыст æрцыд Нарты кадджытæй ссæдз кадæджы; иу кадæг Куырттатыл, историон зарæг æмæ сатирикон зарджытæ дыууæ: «Бæдæлæджы зарæг» æмæ «Чызджытæ æмæ лæппуты зарæг».
Ацы дыууæ сатирикон уацмысы Иналдыхъо равдыста, ирон адæймагæн æгаддзинад цы митæ хæссынц, уыцы нывтæ. Æрыгон лæппу йæ усгуры кары куы бацæуа, уæд хъуамæ æмбара, чызджы зæрдæ «асайынæн» сæрмæхæссинаг цы нæ у, ахæм хъуыддæгтæй хи бахизыны уагæвæрд, цæмæй адæмæн хъазæнхъул æмæ худæджы хал ма суа, уый тыххæй. Зарджыты мидис ист у, Иналдыхъо йæхæдæг цы цаутæ федта, уыдоны бындурæй. Дæлдæр дзы фæйнæ куплеты æрхæсдзынæн:
Рæтæнагъд рæбынæй сау хъулон,
уæй, сау хъулон.
Уæ, сæ идон хызыны, сæ идон хызыны!
Джеллыты Гаппа йæм афтæ дзуры,
Афтæ дзуры:
— Ардæм рацу, Бæдæлæг,
ардæм-ма рацу,
Дæ хæлаф дын тæбынæй бампъузон.
Кæннод дæ ливор куы зыны, дæ ливор
куы зыны.
(Бæдæлæджы зарæг)-æй.

Сагойы зæронд
Къобæй æркæнынц,
Къобæй æркæнынц!
Ацы рæстæджы
усгур лæппутæ мæнæ
куыд кæнынц,
Мæнæ куыд кæнынц!
Пъалтойы зæронд
чызджыты цæстмæ
Сомæй æлхæнынц!
Къафетт кæмæ нæй,
вагзалмæ хизы,
вагзалмæ хизы,
Усгур лæппутæй
йæ бон кæмæн нæу,
йæ бон кæмæн нæу,
Алы сабаты
базармæ лидзы,
базармæ лидзы!
(Чызджытæ æмæ лæппуты зарæг)-æй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here