Кæддæр, советон азты, фæсарæйнаг туристтæ тынг арæх цыдысты ацы рагон хъæумæ. Сæ конд æмæ уындæй-иу бæрæг уыдис, ирыстойнæгтæ не сты, уый. Семæ-иу тæлмацгæнæг æрбацыд æмæ сын дзырдта хæхбæсты адæм æмæ историйы хабæрттæ. Къадаты хъæуы та уыцы рæстæг шахтæ куыста, æмæ-иу туристтæн цымыдисаг уыд, æрттиваг дур-иу сын уыцы шахтæйæ исчи куы балæвар кодта, уæд.
Фехæлд советон цардарæзт, æмæ цæмæ æрхауд ацы хъæу?
Зæххытæ ныууæй кодтой æмæ дзы нырыккон арæзтæдтæ ныззылдтой. Æрæджы интернеты хызы хохæгтæ хъаст кодтой, кæдмæ ахæм æнæзакъон митæм кæсдзысты, уый тыххæй. Закъоны бындурыл Цымыти арвы бынмæ гом музейыл нымад цæуы, æмæ дзы кæй цы фæнды, уый аразы. Фæлæ ныхас цы арæзтадыл цыдис, уый бетонгондæй баззад. Мæгуырау сси йæ уынд Цымытийæн. Тынг рагон хъæу у. Лæууы Хъæриуы фахсыл, уæлвæз ран. Æврæгъты хъæбысы, мигъ бон куы вæййы, æнтæфы хур мæсгуыты дуртæ куы фæтайын кæны, къæвда сын сæ бур хъуына фæрстæ куы фехсы, уæд цыма уæлдæфы фæленк кæны, афтæ фæзыны хъæу. Уый бæрц æнгом баиу æрдзимæ, æмæ дзы иу исты хай аппар, уæд Цымыти дæр нал уыдзæн. Йæ уæрæх дурджын уынгты хуызæн та бирæ хъæуты нæй.
Революцийы агъоммæ Цымытийы ахуыргæндтæ аланты сæйраг сахар хуыдтой, сæ цæстæнгас ыл æвæрдтой киноисджытæ дæр. Тынг бирæ мыггæгтæ дзы цардис: Сотатæ, Басатæ, Дзытиатæ, Бызыккатæ, Æгкацатæ, Хæмыцатæ, Хъаратæ, Талханатæ, Дзускуатæ, Гаппуатæ, Мамыкъатæ, Хъазиатæ, Елуатæ, Габысатæ, Къарджиатæ, Гуымецъатæ. Хæххон уавæртæй быдырмæ ралыгъдысты æмæ æрцардысты Хæтæлдоны, Хъæдгæроны, Нартыхъæуы, Хуымæллæджы, Дзуарыхъæуы, Фыййаджыбылы æмæ Мичурины. Цал æмæ цал уæздан æмæ кадджын адæймаджы схъомыл Цымытийы хъæбысы: хъæуыхицауæй дзы кæддæр куыстой Дзытиаты Мæхæмæт æмæ Дзытиаты Хадзи, ахуыргæнджытæ Дзытиаты-Цгъойты Уарзетæ, Тотыраты Харитон, Дзытиаты Хъастаухан, Бызыккаты Зена та уыд дæсны æвгъæдгæс хъæуы чындзытæн.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд алы хæдзарæй дæр цалдæргай хæстонтæ ацыд тохы быдырмæ. Æрмæст Бызыккаты къæсæрæй авдæй ацыдысты: Хасанбег, Хъасболат, Сослан, Гайто, Зырапп, Хадзыбечыр æмæ Хъылцыхъо. Иунæг Хасанбег ма уæззау цæфтимæ æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ. Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы цæхæры йæ цардыл нæ ауæрста комы кадджындæр сылгоймæгтæй иу — Бызыккаты Замирæт дæр. Бирæ хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцыд.
Æрæджы та абалц кодтон Куырттаты коммæ. Кæддæрау та зылдтæн Цымытийы рагон хæлддзæгтыл. Азæй-азмæ дургай згъæлынц, бирæтæ дзы амад цæнддуртæ фестадысты. Фæлæ та ацы хатт дæр зæппæдзты мидæмæ нæ бакастæн. Мæ сабибонты-иу мæ мæ мадыфыд Цехъоты Дæцци нæ уагъта уырдæм кæсын, мæрдтæ, дам, æлгъитгæ кæнынц, зæгъгæ. Фæлæ сæ фæрстыл цы бирæ алыхуызон хæххытæ ис, уыдон цымыдисы кæйфæнды дæр бафтаудзысты. Зæппæдзтæй иуы фарсмæ сагъд æрцыд зесты гæбаз, фыст ыл ис, Сотаты мыггагæй дзы æнустæм æнцой чи ссардта, уыцы адæймæгты номхыгъд.
Сотатæ Цымытийы рагондæр мыггæгтæй сты. Сæ фыдæл уыдис Хъæвдын. Йæ уæздандзинад æмæ хæлардзинад, дам, хъуыстгонд уыдис æнæхъæн комы. Хъæвдын æнцой нæ зыдта куыстæй, дардта бирæ фос. Уыдис ын æхсæз фырты æмæ иунæг чызг. Уыдон дæр сæ фыды хуызæн куыстуарзаг. Абон дæр Цымытийы сæрвæттæ Сотаты фосдарæнтæ хонынц. Хъæвдыныл йæ фырæууæнкæй сайд æрцыд. Æндæр мыггагæй иу мæгуыр лæппуйы йæхимæ суазæг кодта, батавта йæ йæ зæрдæйы хъармæй, уый та сын се ‘хца адавта æмæ кæдæмдæр фæлыгъд. Иу заман давæг, рæсугъд бæхыл бадгæйæ, коммæ фæзынд гæрзифтонгæй. Хъæвдыны хистæр фырт Смел дзы се ‘хца куы æрцагуырдта, уæд æй уый дамбацайæ багæрах кодта. Сотатæ бирæ фæразил-базил кодтой сæ туджджыны фæдыл, фæлæ сæ къухы нал бафтыд. Уæдмæ адæм быдырмæ лидзын байдыдтой. Хъæвдын уæззау рынчынæй хуыссыд, фæдзырдта йæ фырттæм æмæ сын загъта, цæмæй Кæсæгмæ алидзой, йæхи та йын Цымытийы баныгæной. Лæппутæ сæххæст кодтой сæ фыды фæдзæхст. Алыгъдысты Кæсæгмæ сæ фыдымады æрвадæлтæм æмæ сарæзтой хицæн хъæу — Бахсæн.
Ацы хаттæй æнкъарддæр мæм никуы фæкаст Цымыти. Нал федтон Ныхасы бадгæ хъæуы хистæр Бызыккаты Дæхцыхъойы, нал фехъуыстон Цыхцыры цурæй Зæирæйы фæлмæн ныхас, хъæуы уæрæх уынгты нал сæмбæлдтæн, æдзух-иу мæ адджын гуылтæй чи рæвдыдта, уыцы зæронд ус Дауханыл. Мæ зæрдæ суынгæг, цæссыгтæ мын мæ хъуыр, цæгау, æрбалхъывтой. Цымытийы фидæртты хæлддзæгтæ æмæ мæсгуытæм æдзынæг фæкастæн æмæ дис кодтон, цавæр хъарутæ хъуыдис ацы дуртæ хæссынæн, ууыл. Фæлæ уыдон æдых æмæ лæмæгъ къухтæ нæ уыдысты. Ацы фидæртты хуызæн уыдысты сæ хъару, зонд æмæ æгъдау.














