«Адæмæн сæ егъаудæр хъæздыгдзинад у се ‘взаг», — загъта зындгонд фыссæг М. ШОЛОХОВ. Цæмæй сывæллæттæ уыцы хъæздыгдзинадæй бындурон зонындзинæдтæ æвдисой, цæмæй уарзой æмæ дзурын зоной, уый тыххæй мах нæ куысты пайда кæнæм алыхуызон методикон мадзæлттæ æмæ фæрæзтæй. Ацы аз дæр та нæхи бацæттæ кодтам Ирон æвзаджы бонмæ. Сабитæ, хъомылгæнджыты æххуысæй, бацæттæ кодтой сценкæтæ, сахуыр кодтой æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ.
Мæхæдæг дæр гыццылæй нырмæ уарзын ирон æвзаг æмæ литературæ. Ирон культурæйæн мæ зæрдæйы ис стыр бынат.
Архайын, цæмæй нæ хъомылгæнинæгтæ разæнгард кæной мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ. Æрмæст ирон нæ, фæлæ ма уырыссаг, сомихаг, дагестайнаг чызджытæ æмæ лæппутæ архайдтой нæ бæрæгбоны.
«Нæй æрмæст номæй ирон, уарз дæ бæстæ, де ‘взаг зон! Ахæм уыд нæ бæрæгбоны сæйраг хъуыды. Нæ чысыл сабитæ уазджыты тæрхонмæ рахастой аргъау «Мыстыты уынаффæ». Уымæй размæ, республикон конкурс «Иры фидæн»-ы архайгæйæ, нæ гыццыл артисттæн ацы аргъауы тыххæй саккаг кодтой дыккаг бынат.
Хистæр къорды сывæллæттæ дæр зæрдиагæй æвдыстой сæ арæхстдзинад æмдзæвгæтæ дзурынæй, кафынæй, зарынæй æмæ рагон ирон хъæзтыты архайгæйæ.
Хъомылгæнджытæ Касаты Иннæ, Дудайты Беллæ æмæ иннæтæ дæр сабиты æмрæнхъ архайдтой бæрæгбоны. Зæрдæмæдзæугæ рауад хъæлдзæг сценкæ «Ладимхан», æмæ йын иууылдæр къухæмдзæгъд кодтой.
Афтæ, фæндырдзагъд æмæ зарæгимæ хъæлдзæгæй арвыстам нæ рæстæг.
Уырны нæ, цы уарзондзинад гуырын кæнæм сабиты зæрдæты мадæлон рæсугъд æвзагмæ, уый цæрдзæн сæ удты æмæ ирон лæджы кад бæрзонд хæсдзысты.
ГÆЛÆУТЫ Ингæ,
Дзæуджыхъæуы 83-æм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг














