Бæрнон ныхас — нæ абоныл, нæ фидæныл

0
110

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО Хицауады хæдзары æмбырдтæ аразæн залы фембæлд Федерацийы Советы уæнгтимæ, Паддзахадон Думæйы депутаттимæ, РЦИ-Аланийы Хицауады кабинеты уæнгтимæ, Парламенты депутаттимæ, муниципалон скондты, æхсæнадон, дины организациты разамонджытимæ, республикæйы рæзтыл удуæлдайæ архайæг цæрджытимæ.
Рæгъмæ рахастæуыд РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рæзты сæйраг рахæцæнтæ æмæ Хицауады 2023 азы куысты бæрæггæнæнтæ. Фыццаджыдæр уал Сергей Меняйло фæсидт Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттæм æмæ республикæйы цæрджытæм. Куыд бафиппайдта, афтæмæй афæдзæй фылдæр рацыд, ахæм хуызы куы фембæлдысты, уæдæй. Йæ ныхасмæ гæсгæ, раздæр сæнкъуысæн кæмæн нæ уыд, ахæм фарстатæ сæ бынатæй сызмæлын кодтой.
«Цытæ сарæзтам, уыдоныл дзурдзыстæм бæлвырд нымæцтæй. Не ‘нтыстытæ сты нæ иумæйаг архайды, Цæгат Ирыстоны цард хуыздæр, фадатджындæр скæнынмæ тырнындзинады руаджы. Æппæт Уæрæсейы хуызæн Ныгуылæны ‘рдыгæй æвзарæм экономикон гæрæнтæ, цас карздæр кæнынц, уыйас нæ уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ сты кадджындæр. Мах сæмбырд стæм, Уæрæсейы Федерацийы Президент нын нæ размæ цы иумæйаг хæстæ, бæрзонд нысантæ æвæры, уыдоны алыварс», — загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

Сæрмагонд æфсæддон операци
«Ныр дыууæ азы нæ бæстæ Украинæйы фæзуатыл æххæст кæны сæрмагонд æфсæддон операци, хæцæнгарзимæ хъахъхъæнæм ног уæрæсейаг фæзуæттæ, Ныгуылæны фæткыл сæ истори, культурæ, æгъдæуттæ баивыныл чи не сразы, уыцы уырыссаг адæмы. Нæ лæппутæ абон хæцынц нæ фидæныл, нæ ивгъуыдыл, нæхи бон уынаффæ райсын куыд уа, уый сæрыл. Сæдæгай ирæттæ систы бæрзонд хицауадон хæрзиуджыты хицæуттæ, цыппарæй та — Уæрæсейы Хъæбатыртæ. Фæнды мæ сæ нæмттæ зæгъын: Есенаты Таймураз, Датиты Алан, Абайты Юри, Аслан Гоов. Сæрæй сын ныллæг кувын. Чи фæмард, уыдоны нæмттæ æрымысыны тыххæй иу минут æдзæмæй алæууæм», — загъта Сергей Меняйло Ныхасы хицау куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нæ республикæ уайтагъддæр бæлæууыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. «Алани» æмæ «Шторм.Осетия»-йы батальонтæ, стæй иннæ хæстонтæ ныр дыууæ азы аккаг хуызы раззагдæр хаххыл æххæст кæнынц сæ хæстæ. Нæ лæппутæн æххуыс кæнæм, æрвитæм сын техникон фæрæзтæ, гуманитарон уæзæгтæ. Уæдæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг æфсæддонты бинонтæм, хиуæттæм æххуысы мадзæлттæ æрвитæм. Чи фæмард, уыдоны бинонтæн, цæфтæн, æрсидты бахауæг хæстон службæгæнджытæн республикæйы бюджетæй скодтам иухаттон æххуыс, иумæйагæй — 500 милуан сомы», — бафиппайдта республикæйы Сæргълæууæг.
Уый бæстон радзырдта æппæт æххуысы мадзæлттыл. Æргом аздæхта хæстон цауты архайæг ветеранты æмæ инвалидты дзæбæхкæнынадмæ. Хъуамæ ацы аз ссарой фæрæзтæ реабилитацион центры арæзтады проекты-хæрдзты документтæ бацæттæ кæнынæн. Уæдæ бæстæйы Президенты фæнды сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты афтæ бацæттæ кæнын, цæмæй сæ рауайа бæрзонд квалификациимæ разамонджытæ.

Черниговскаг районæн æххуыс
Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй хæстон рæстæг амоны æндæр домæнтæ. Алы регион дæр æххуысы къух бадардта ног уæрæсейаг субъекттæм. «Цæгат Ирыстон йæ арм дары Запорожьейы облæсты Черниговскаг районыл. Нырмæ стыр куыст бакодтам, арвыстам уырдæм Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады бригад. Уым кусынц Арæзтад æмæ архитектурæйы, стæй иннæ бæрнон ведомствæтæ дæр. Амал цæмæй ис, уыдонæй сын æххуыс кæнæм», — бацамыдта Сергей Меняйло.

Æхсæнадон-политикон фæтк
Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, алы боны нысантæ æххæсткæнгæйæ, хъуамæ рох ма уа, егъау, парахат геополитикон ивддзинæдты рæстæг кæй цæрæм, уый. «Нæ бæстæ сæмбæлд æнæнхъæлæджы тæссагдзинæдтимæ æмæ сидтытимæ. Нæ бæстæйы хæдбардзинад, фæзуатон æнæхъæндзинад фехалыны тыххæй алыхуызон мадзæлттæй пайда кæнынц. Ацы азы сæйраг æхсæнадон-политикон цауыл банымайын хъæуы Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæ. Æвзарджыты бæрц уыд 91,8 проценты, Владимир Путины фарс рахæцыдысты 89 проценты. Нæ паддзахады разамонæгмæ равдыстам стыр æууæнк», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Уымæй уæлдай ма рæгъмæ рахаста, ацы аз нæм авд æвзарæн кампанийы кæй æнхъæлмæ кæсы, уый дæр. Æргом аздæхта регионы нывылдзинад, нациты ‘хсæн сабырдзинад æмæ æхсæнадон разыдзинад бахъахъхъæнынмæ, национ-культурон центрты, дины организациты архайдмæ. «Нæ фæсивæды удварны хæрзæгъдаудзинад, хъомылады фарста тынг ахсджиаг у. Патриотизм, хистæртæн кад кæнын, бæрзонд хъуыдытæ, фидар бинонтæ — уыдон сты царды рахæцæнтæ. Дыууæ азы размæ сарæзтам кадетон кълæстæ, ныртæккæ сты 55, ахуыр сæ кæны 1166 сывæллоны. Уæлдай фылдæр æргом аздахын хъæуы хæстон-патриотон хъомыладмæ, хæстон-патриотон клубтæм, сывæллæтты æмæ æвзонг фæсивæды иугæндтæм», — бацамыдта Сергей Меняйло.
Рæгъмæ рахаста «Фыццæгты змæлд», «Зарница», «Мы — граждане России»-йы æмæ иннæ æхсæнадон-фæсивæдон змæлдтæн уæлдай æххуыс кæныны нысантæ. Рохуаты нæ баззадысты фæсивæды тыхстаг фарстатæ дæр. Куыд бафиппайдта, афтæмæй фæсивæды патриотон хъомылад у республикæйы размæцыды ахсджиаг рахæцæн.

Беслæны фыдбæллæхы 20 азы
Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй, фидæныл дзургæйæ, хъуамæ рох ма уа ивгъуыд дæр. «Беслæны фыдбæллæхы 20 азы бæрæг кæндзыстæм, нæ адæмы хъæдгомæн байгас кæнæн нæй, рыст нæ цæуы. Мах алцыдæр скæндзыстæм, цæмæй, террористон акты чи фесæфт, уыдоны нæмттæ рохуаты ма баззайой, æгасæй чи раирвæзт, уыдонæн та сæ фарсмæ уыдзыстæм. Беслæны фæзынд Дунеон культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъола». Йæ обелиск техникон æгъдауæй сцæттæ, экспертты цур сæвæрдтам нырыккон музеон фæзуат саразыны хæс. «Беслæны мадæлтæ»-имæ сын ис æмгуыстад. Нæ бæстæйы Президент сæвæрдта, террористон акты хъыгдардбаййафæг адæмæн 2030 азмæ сæ реабилитацион мадзæлттæ адарддæр кæныны хæс», — радзырдта Сæргълæууæг.

Социалон къабаз
Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы аз у Бинонты аз, уымæ гæсгæ парахатгонд цæуынц бинонты традицион хæзнатæ. Бинонтæ сты æхсæнады нывыл æмæ рæсугъд размæцыды рахæцæн. «Фарон алыхуызон социалон пособитæ раттам 112 мин сывæллонæн, æдæппæтæй рауадысты 15,5 миллиард сомы. Фыццаг сывæллон 2024 азы цы бинонтæм фæзынд, æмæ 26 азы цы мадыл нæма сæххæст, уыдонæн радтам иухаттон æххуыс — 50 мин сомы, æдæппæтæй — 150 бинонтæн. Уыдонæн алывæрсыг æххуыс кæнынæн аразæм бинонты бирæфадатджын центртæ. Уæдæ хистæр кары адæм дæр рохуаты не сты», — радзырдта Сергей Меняйло.

Экономикæ
Регионы экономикæйы рæзтимæ баст у æхсæнадон-политикон нывылад, царды æмвæзады рæзт, социалон хæстæ æххæст кæныны хъуыддаг. «Фароны куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæбæрæг рæстаг змæлд, экономикæйы æцæг рæзт æмæ социалон къабазы размæцыд. Промышленнон куыстады индекс фарон уыд 109,3 проценты, нæхæдæг кæй рауагътам æмæ уæйгонд товарты бæрц рауад 56 миллиард сомы, республикæйы иумæйаг бюджетмæ æрбафтыд хъалонты æмæ æнæхъалонты фиддонтæ 24,5 миллиард сомы, уый, 2022 азимæ абаргæйæ, у 6,7 проценты фылдæр. Розницæйы базарады зилдух рауад 167 миллиард сомы. Æгуыст адæмы нымæц 17 проценты ныллæгдæр фæцис», — загъта Сæргълæууæг.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, экономикон гæрæнты уддзæф æмбарынц, республикæйы Хицауад фадæттæ аразы экономикæйы фидар рæзтæн. Республикæйы бюджеты æфтиæгтæ 25 миллиард сомæй къаддæр не сты. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг сæвæрдта Хицауады размæ промышленносты рæзты, хъæууон хæдзарад, фæндагон-транспортон хызæг, туризм, цæрæнуæтты арæзтад, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынады рæзтыл бакусыны хæстæ.

Агропромышленнон къабаз
Республикæйы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй фарон агропромышленнон къабаз йæхи равдыста дзæбæх бæрæггæнæнтæй. «Продукцийы бæрц рауад 46 миллиард сомы, республикæ æрæмбырд кодта хоры æмæ хоры-хъæдуры культурты 850 тоннæйы, халсартæ уыдысты 27 мин тоннæйы. Фæлæ нæ бон фылдæр дæр у, хæрдзтæ цæуынц куыстадыл, къухвæллойыл, хомагкуыстгæнæг заводтæ нæм кæй нæ фаг кæны, уыдæттыл. Хъуамæ пайда кæнæм нырыккон технологитæй. Нæ бон цæмæй у, уымæй аграритæн æххуыс кæнæм, æнæ технологон рацарæзтæй куыстад йæхиуыл не схæццæн. Пайда кæнæм лизингæй, райстам техникæйы 78 иуæджы. Уæдæ фосдарынад дæр тынг ахсджиаг къабаз у. Кæсагдарынад размæ цæуы, цадты фæзуат ахсы 2 мин гектары», — фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.
Уый æргом аздæхта хъæууонхæдзарады иннæ рахæцæнтæм, радзырдта фермерон, бинонты фермæты архайды, субсидитæ æмæ æххуысы æндæр мадзæлтты тыххæй.
Туризм
Сергей Меняйло бæстон æрдзырдта туризмы рæзтимæ баст фарстатыл. Рæгъмæ рахаста «Аланийы хуыр рон»-ы мастер-пълан, фарон ыл куыст кæронмæ ахицæн. Проект у бирæвæрсыг, æххæсы æппæт туристон кластерыл дæр. Фарон туризмимæ баст проекттæн радих кодтой 310 милуан сомы. Фæлæ ис, тагъд алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ, зæгъæм, кадртæ нæ фаг кæнынц. Уымæ гæсгæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Хицауады размæ сæвæрдта хорзцæттæгонд кадртæ цæттæ кæныны хæс.

Транспортон реформæ
Ацы бон ма тынг æдзæллаг уавæры чи ис, уыцы здæхтыл — бæлццæттæ ласыны хъуыддагыл дæр кусæм. Хицæн адæймæгты къухтæм кæй бахаудтой автовагзалтæ, электротранспорты горæтаг депо, сахары мидæг æмæ муниципалитетты ‘хсæн кусæг маршруттæ, уымæ гæсгæ сæвзæрд, дарддæр быхсæн кæмæн нал ис, ахæм уавæр.
Фарон сфидар кодтам сæрмагонд программæ æмæ бацæттæ кодтам хъæугæ гæххæттытæ уавæр цæхгæр аивыны тыххæй. Стыр куыст нæ бакæнын хъæуы. Абон уый нæ къухы куы бафта, уæд фидæны дæсгай азты ахсджиаг транспортон къабаз зæрдæхсаинаг нал уыдзæн.
Пассажирон транспорты рæзты охыл балхæдтам æмæ ивæм транспортон фæрæзтæ, 2023 азы муниципалон куыстуат «ВладГорТранс»-æн балхæдтам 28 автобусы. .2024 азы ма ноджы — рæстæмбис къласы 42 автобусы, уыдонæй 32 кусы Дзæуджыхъæуы, 10 та — республикæйы муниципалон скондтæм.
Цæгат Ирыстон архайы инвестицион проекты æмæ йæ фæлгæты 2024 азы дыккаг кварталы кæронмæ райсдзæн 57 автобусы æмæ кусдзысты, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм 45 маршрутыл. Цæмæй ацы къабазы транспортæй хъуагдзинад æхгæд æрцæуа, уый тыххæй ма уæлæмхасæн балхæндзыстæм, муниципалон сконды ‘хсæн чи кусдзæн, ахæм 70 автобусы. Уæ зæрдыл дарут, Дзæуджыхъæуы уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй 28 трамвайы вагонтæ кæй балхæдтам, трамвайты депо та фæстæмæ муниципалон исбонадмæ кæй æрбаздæхтам.
Уыимæ Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитетæн хæс кæнын, цæмæй республикæйы цæрджытæн транспортон лæггæдты æмвæзад уæлдæр сисой. Абон иуæй-иу маршруттыл цы уавæр сæвзæрд, уымæн быхсæн нæй. Паддзахадон куыстуæттæй уæлдай ма æргом здахын хъæуы бæлццæттæласæг хицæн амалхъомтæм дæр, хъуамæ кусой закъоны бындурыл, транспортон фæрæз техникон æгъдауæй хъуамæ уа рæвдз, кусой графикмæ гæсгæ, хъалонтæ фидой. Æппæт ранымад хъуыддæгты руаджы 2030 азмæ транспортон къабазы рæзты стратеги арæзт æрцæудзæн, дыууæ хæстæгдæр азмæ нæ цы бакæнын хъæуы, уыдæттæ хынцгæйæ.

Фæндагон æмæ транспортон инфраструктурæ
Дарддæр кусæм фæндæгты уавæр фæхуыздæр кæныныл дæр. 2023 азы автомобилон фæндæгты дæргъ фæфылдæр 13,5 километры — арæзт
фесты, Цыкола æмæ Мичурины фæрсты чи цæуы, уыцы фæндæгтæ. Уымæй уæлдай ма фæндагон хызы фылдæр транспортон фæрæзтæ кæм цыди, уыцы фæндæгты уаццæгтæ дæр арæзт æмæ бындурон цалцæггонд æрцыдысты туристты æдасдзинадæн. Райдыдтам 14 километры уаццаг аразын Дæллаг Зæрæмæгæй «Мамысон»-ы курортмæ.
Фæстаг цыппар азы республикæйы, бынæттон æмæ регионалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы автомобилон фæндæгтæй арæзт, цалцæггонд æмæ бындурон рацарæзт æрцыдис 290 километры бæрц, хидты сæрты ахизæнтæ та — 30, сæ иумæйаг дæргъ — 1,5 мин метры. Афтæ, бюджетон фæрæзтæй арæзт фæндæгтæ цалцæггонд цыдысты районты дæр — æдæппæтæй 150 километры.
Сæрмагондæй æрлæудзынæн, Дзæуджыхъæуы фæрсты цы фæндаг арæзт цæуы, ууыл. Ныртæккæ ам куыст цæуы дыккаг æмæ æртыккаг радыл. Нæ республикæ транзитон пункт кæй у Фæскавказмæ ахизынмæ, уымæ гæсгæ, паддзахадон арæн æхгæд куы вæййы æрдзон уавæртæм гæсгæ, уæд транзитон транспорт æнхъæлмæ фæкæсы йæ байгоммæ мах фæзуаты. Электрон рад арæзт кæй æрцыд, уый руаджы административон арæнтыл уавæр дзæвгар фенцондæр.
Иннæ объект — Терчы сæрты хид Ногир æмæ Михайловскы ‘хсæн. Фарон хиды иу хай донивылды рæстæг фехæлд, уымæ гæсгæ зындзинæдтæ сæвзæрд уæзæгтæ æмæ бæлццæттæласæг автотранспортон маршруты. Аразджытæн бахæс кодтам цыбыр рæстæгмæ хиды проект саразын æмæ куыстытæм бавналын. Ныртæккæ куыст цæуы æнæрлæугæйæ, кæд йæ арæзтадæн республикæмæ финансон фæрæзтæ уымæн нæма ‘рбахæццæ сты, уæддæр.

Ахуырад
Егъау æмæ нын вазыгджын у ахуырады къабаз. Ам нæ размæ лæууы бирæ бахынцинаг фарстатæ, райдай скъолаты бынæттæ кæй нæ фаг кæны хъуыддагæй æмæ фæу, экономикæйы тынг чи хъæуы, ахæм профессионалон кадртæ цæттæ кæныны ахадгæ системæ саразынæй.
2023 азы республикæйы скъолаты фæфылдæр бынæтты нымæц — 1250 бæрц. Æртæ скъолайы сарæзтам Беслæны, станицæ Черноярскæйы æмæ Хъызлары. Фарон уалдзæджы бындурон цалцæггонд фæци Дзæуджыхъæуы 11-æм скъола.
Дыууæ азы размæ нæ республикæ архайын байдыдта капиталон цалцæджы егъау федералон программæйы. Уæдæй нырмæ банывыл кодтам се ‘ддаг бакаст 66 скъолайæн, 30 мин скъоладзауы та ахуыр кæнынц зæрдæмæдзæугæ уавæрты. Хæстæгдæр дыууæ азы мидæг ма нæ бындуронæй сцалцæг кæнын хъæуы 51 скъолайы. Куыстытæн уагъд æрцæудзæн 8 миллиард сомы бæрц. Уый фæстæ бацæттæ кæндзыстæм 46 скъолайы бындурон цалцæджы тыххæй курдиæтты гæххæттытæ. Афтæмæй капиталон æгъдауæй цалцæггонд æрцæудзысты нæ республикæйы базилынхъуаг скъолаты 100 проценты!
Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы Президенты номыл арвыстон курдиат, цæмæй ма федералон программæйы фæлгæты Дзæуджыхъæуы арæзт æрцæуа, 2750 бынаты кæм уыдзæн, ахæм æртæ скъолайы.
Республикæйы арæзт цæуынц рæвдауæндæттæ дæр. Заводы поселочы кусын райдыдта 280-бынатон рæвдауæндон. 2023 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ног бынæттæ арæзт кæй æрцыд, уый руаджы бынæттæхъуаг нæу скъолайы агъоммæйы ахуырад. Фæлæ кæронмæ нæ къухы нæма бафтыд рæвдауæндæтты агъуыстыты фылдæр хайы æдзæллагдзинад аиуварс кæнын. 249 агъуыстæй 141 хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Уымæ гæсгæ архайæм федералон программæты, æмæ уал ныры онг цæттæ сты 75 объекты гæххæттытæ.
Уæлæмхасæн ахуырады къабаз дæр рохуаты нæ баззад. Арæзт цæуынц музыкалон скъолатæ, Беслæны Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзар бындуронæй цалцæг кæнынц, ахæм цалцæджы фæстæ байгом республикæйы Фæсивæдон галуан. Ахуырадон уагдæттæ материалон-техникон æгъдауæй ифтонггонд цæуынц.
Профессионалон ахуырадон уагдæтты аразæм ахуырадон-куыстадон комплекстæ, сæ фæрцы сæм хи фæрæзтæ фæзыны æмæ сæ сæ дарддæры рæзтыл хардз кæнынц.
Сæрмагондæй мæ æрлæууын фæнды, йæ æнæниздзинадмæ гæсгæ йæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы сабиты ахуырады фарстайыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы куыстыл ахуыргæнджытыл фылдæр уаргъ ис. Фæлæ нæ хæс у, цæмæй æппæт сывæллæттæн дæр уа æмхуызон уавæртæ. Фæдзæхсын ресурсон кълæсты æмæ скъолайы агъоммæйы къордты аутистикон спектримæ кусæг психологтæ, тьютортæ, деффектологтæ æмæ иннæ специалисттæн æрвылмæй уæлæмхасæн 15 мины фидын.
Иннæ азæй фæстæмæ къæпхæнгай бæрзонддæр кæнын хъæуы ахуыргæнджыты бындурон мыздтæ. 2025 азы 1 январæй фæстæмæ хæс кæнын педагогон кусджыты хицæн къорды мыздтæ 20 проценты фæбæрзонддæр кæнын. Æрвылаз уымæн уагъд цæудзæн 500 милуан сомы.
2022 азы æрвылмæй 5-гай æмæ 7-гай мин сомы уæлæмхасæн фидын райдыдтам ахуыргæнджытæ-методисттæн, ахуыргæнджытæ-зондамонджытæн. Ацы аз фæдзæхсын уæлæмхасæн материалон æгъдауæй финансон æххуыс раттын хъомылгæнджытæн.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынад
Ацы къабаз тынг вазыгджын у, æмæ дзы ис лыггæнинаг фарстатæ, фæлæ æппæт мадзæлттæ аразæм, цæмæй медицинон лæггæдтæ уæлдæр æмвæзадмæ ист æрцæуой. Уæлдай фылдæр æргом здахæм дæрддзæф æмæ, адæм гыццыл кæм цæры, уыцы хъæутæн фыццаг медицинон æххуысад раттыны фарстатæм.
Фарон 80 хъæуы байгом кодтам афтектæ фелсырон-акушерон пунктты æмæ амбулаториты раз. Йæ бон цæуын кæмæн нæу, уыцы рынчынтæн хостæ хæдзармæ хæссынц медицинон кусджытæ.
Тагъд æххуысы машинæтæ ивд æрцыдысты 100 процентæй, дарддæр аразæм медицинон уагдæттæ. Фæстаг азты ацы къабазы хорзæрдæм бирæ ивддзинæдтæ æрцыди.

Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад
Нæ вазыгджындæр хæс — республикæйы цæрынæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразын. Ам сæйрагдæр у цæрæнуатон-коммуналон комплексы рæзт. Нæ размæ лæууы вазыгджын хæстæ. Фæстаг азты стыр куыст бакодтам коммуналон инфраструктурæ сног кæныны тыххæй. 2023 азы нæ республикæ сси Цæгат Кавказы фыццаг регион, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады экономикон рæзты фæлварæн программæ æххæстгонд кæм цæуы. Иугонд дондæттæн æмæ донуадзæн хæдзарад сарæзтам, ивд цæуынц доны хæтæлтæ, сæ иумæйаг дæргъ — 460 километры. Ацы аз ма баивдзыстæм 437 километры донуадзæн хызтæ.
Доны фиддон дæр ногæй экономикон бындурыл нымад æрцыд. 2021 азæй нырмæ Уæрæсейы Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ газ уагъд цæуы, æрвхуыз артаг нырмæ кæмæ нæма ис, уыдонмæ. Æртæ азмæ нæ республикæйы уыцы куыст цæуы æнæкъуылымпытæй, æмæ Цæгат Ирыстон ацы хъуыддаджы ис фыццаг дæс регионы нымæцы.
Мæ доклады ма мæ фæбæрæг кæнын фæнды, нæ республикæйы 2019 азæй нырмæ æххæстгонд чи цæуы, иу ахæм вазыгджын программæ — кæлæтдзаг цæрæнуатон фондæй адæмы ракæнын. 2024 азы уыцы хъуыддаг нæ къухы бафтыд æмгъуыдæй дыууæ азы раздæр саразын.

Хъæууон фæзуæтты рæзт
Æрмæст нæ сахарты нæ, фæлæ нæ хъæуты хæрзвадæттыл дæр архайын хъæуы. Нæ хæс у хъæуы цæрджытæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аразын — фæндæгтæ, культурон артдзæстытæ, бастдзинад, коммуналон лæггæдтæ. Нырыккон нымæцон бастдзинад ныртæккæ нæ республикæйы схæццæ 93 процентмæ, афтæ — Интернеты хызæг дæр. Æнæ ахæм бастдзинадæй ма баззад хæххон хъæуты чысыл хай — 500 адæйма-джы бæрц, æмæ ууыл дæр куыст цæуы. Уыимæ абон «цифрæйы» бастдзинад бахæццæ Бинаг Ларс, Хъобан æмæ Дзынагъамæ, афæдзы кæронмæ та ма Зæронд Саниба æмæ Мæхческмæ.

Культурæ
Национ проект «Культурæ»-йы кæй арха-йæм, уый руаджы 2023 азы бындуронæй сцалцæг кодтам фондз культурæйы артдзæсты республикæйы хъæуты. Дигорайы фæци 400-бынатон культурон центры арæзтад.
Вахтанговы Хæдзар байгом кодтам, æмæ нын уый ратта ног уæрæхдæр авналæнтæ. Вахтанговы номыл театримæ æмгуыстад дарддæр цæуы æмæ хъомысджындæр кæндзæн. 13 июлы æнхъæлмæ кæсæм театралон фестивалы уазджытæм. Программæйы уыдзæн ирд спектакльтæ, сфæлдыстадон изæртæ, фембæлдтытæ. Ноджы ма иу æхсызгон хабар — Мариинаг театр Гергиты Валерийы хъæппæрисæй Дзæу-джыхъæуы тагъд байгом кæндзæн раздæры кинотеатр «Фæскомцæдисон»-ы æрыгон курдиатджын фæсивæды рæзтæн культурон объект.
Ацы азы сæйрагдæр цаутæ — цыппар юбилейы: республикæйы автономийы 100 азы, Уæрæсеимæ баиуы 250 азы, Дзæуджыхъæуы бындурæвæрды 240 азы æмæ Хетæгкаты Къостайы райгуырды боны 165 азы. Нæ республикæйы цæрджытæн уый фæдыл цæттæ кæнæм 300 культурон мадзалы.

Спорт
Кæронбæттæны æрлæу-дзынæн спорты темæйыл. Фыццаджыдæр, зæгъдзынæн стадион «Спартак»-ы тыххæй. Йæ бындурон рацарæзты фарста æвæрд æрцыд 2018 азы. Проектон-сметон гæххæттытæ йын скодтой, куыд дыккаг къæпхæны стадионæн. Уый та у, премьер-лигæйы хъæзтытæн аразæн кæм нæй, ахæм объект. Цæмæй дзы ахæм хъæзтытæ аразынæн бар лæвæрд цæуа, уый тыххæй йын йæ проект аивыны уынаффæ рахастам 2021 азы.
Нæ футболон командæ «Алани» йæхи хорз æвдыс-та, зæрдæ æвæрдта, ирон футболæн та йæ раздæры кад æмæ намыс кæй раздæхдзæн, уымæй. Фæлæ Уæрæсейы Футболон цæдис бирæ карз домæнтæ æвæры, премьер-лигæйы хъæзтытæ хъуамæ кæм цæуой, ахæм стадионы инфраструктурæмæ. Уымæ гæсгæ нæ бахъуыдис ногæй проектон-сметон гæххæттытæ аразын ивддзинæдтимæ. Уымæй уæлдай, куыд рабæрæг, афтæмæй трибунæйы иу хай цавæрдæр адæймаджы исбон у. Стадион цы зæххыл ис, уый иу хай дæр кæйдæр къухы ис. Æппæт уыцы фарстатæ сбæрæг кæнын æмæ бахынцынæн хъуыдис рæстæг.
Проект ногæй арæзт æрцыд 2021 азы, æмæ уæд райдыдта йæ реконструкци. Фæлæ 2022 азы февралы уавæртæ фæивтой, æмæ фæрæзтæ дих кæныны хъуыддаг дæр фендæрхуызон, куыстытæ кæронмæ ахæццæ кæныны рæстæг дæр фæстæдæрмæ аргъæвтой. Абон уавæр у ахæм: кæронмæ конд æрцыдыс-ты монолитон æфсæн-бетонон куыстытæ. Газоны æрмæг æрбахæццæ, дон уагъд æрцыд 80 проценты, куыст цæуы мидæмæ уадзæн пункттыл. Мæ бон рагагъоммæ зæгъын нæу, цы къуылымпытæ ма сæвзæрдзæн, уый, фæлæ фидарæй æу-уæндын — Ирыстоны стадион уыдзæн. Уый дызæрдыггаг нæу.
Спорты алы хуызты райрæзтыл дæр куыст цæуы, аразæм æппæт уавæртæ дæр æрмæст Дзæуджы-хъæу æмæ иннæ сахарты нæ, фæлæ хъæуты дæр.
Æмбæлттæ! Нæ иумæйаг куысты рæстæг ныридæгæн бирæ сарæзтам экономикæйы алы къабазы дæр. Ис нæ куысты зындзинæдтæ, нæ размæ цы хæстæ лæууы, уыдон дæр æнцон сæххæстгæнæн не сты. Фæлæ иу ран куы нæ лæууæм, уæд нæ иумæйаг командæйы къухы бафтдзæн адæмæн нывыл цæрынæн бæзгæ уавæртæ саразын. Æмæ уæд Цæгат Ирыстон уыдзæн, адæм цæрынмæ кæм бæлдзысты, ахæм бынат.

Æрмæг бацæттæ кодтой
БУТАТЫ Эльзæ æмæ ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here