Æхсызгон хабар сыхъуыст Ростовæй, ирыс-тойнаг спортсментæ æппæтуæрæсеон ерысты каратэйæ WKF «Пересветы кубок»-ы фес-гуыхтысты, рамбылдтой иу сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ дыууæ бронзæ майданы. Спорт-сменты бацæттæ кодтой Михаил Маловичко, Датиты Аслæнбег, каратейы стиль Вадо-кайы фæндзæм даны хицæуттæ, уæлдæр къæпхæны тренер-ахуыргæнджытæ æмæ Уаниты Олег.
Афтæ, 10 – 12-аздзыд чызджыты ‘хсæн 36 кг. уæзы фыццаг бынат бацахста Къарджиаты Вероникæ. Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Темырты Константин (10-11 азы, +42 кг) æмæ Аринæ Опарина (10-11 азы, 36 кг). «Бронзæ» майданæй та хорзæхджын æрцыдысты Наниты Маринæ (сылгоймæгтæ 18+, 55 кг) æмæ София Суходолова (10-11 азы, 36 кг). Фæбæрæг кæндзыстæм, ерысты Уæрæсейы 33 регионæй 1300 спортсменæй фылдæр кæй архайдта, ардæм тренертæ æрбаластой хуыздæртæй хуыздæрты, уымæ гæсгæ ныхмæлæуд уыдис тынг тыхджын.
Уæлдæр ранымад тренертæ æмæ сæ хъомылгæнинæгты уæлахизты тыххæй дзыллон информацион фæрæзтæ иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстой, суанг ма каратэйы райгуырæн бæстæ – Японæй дæр бронзæ майдан æрбаластой – хорзæхджын дзы æрцыд Болататы Сослан. Æрæджы нæм редакцимæ æрбацыдысты спортсменты ныййарджыты къорд æмæ нæ ракуырдтой, цæмæй тренертæн бузныг зæгъæм сæ номæй. Мæнæ нын цы радзырдтой Темырты Виктор æмæ Дзерæ:
– Тынг стыр куыст кæнынц сабитимæ Михаил Маловичко, Датиты Аслæнбег æмæ Уаниты Олег. Æрмæст спорты сусæгдзинæдтыл сæ нæ ахуыр кæнынц, фæлæ сæм бæрзонд æвæрд у хъомыладон куыст. Суанг ма сын сæ боныгтæм дæр лæмбынæг æркæсынц æмæ сæ зæрдæмæ цы нæ фæцæуы, уый фæзæгъынц. Ныййарджытæн уайдзæфтæ дæр бакæнынц, æмæ сæ мах уый тыххæй бузныг стæм. Уæрæсейы алы регионты ерыстæм куы аласынц сæ хъомылгæнинæгты, уæд сæ базонгæ кæнынц бынæттон фендтаг бынæттимæ, семæ баст историон цаутимæ. Зæгъæм, Сау денджызы былыл сахартæм куы ацæуынц, уæд ма ерысты фæстæ бафæстиат вæййынц къорд боны, цæмæй сывæллæттæ сæ фæллад суадзой.
Спорты министрадæй ницы уыйас æххуыс исынц, æмæ, зæгъын æмбæлы, тренерты фарсмæ мах æнгом лæууæм, кæмæн йæ бон цас æмæ цæмæй у – æхцайы фæрæзтæй, транспортæй, уымæй сын æххуыс кæнæм. Хæстæгдæр горæттæм куы фæцæуынц, уæд та сабиты фылдæр хатт аласынц сæхи транспортæй. Фæстаг ерыстæм Ростовмæ дæр сæ бынатмæ фæхæццæ кодтой сæхи æртæ машинæйы. Алы сывæллонмæ дæр ныййарæджы цæстæй кæсынц, немæ æнгом бастдзинад дарынц, æмæ нын уый тынг æхсызгон у, – се ‘нкъарæнтæ раргом кодтой Темырты Виктор æмæ Дзерæ.
Æппæт уыцы æппæлæн ныхæсты фæстæ фембæлдыстæм Михаил Маловичкоимæ æмæ йемæ аныхас кодтам.
– Нæ тренировкæтæ аразæм спорты галуан «Манеж»-ы, ам нын ис хъæугæ уавæртæ, æмæ мæ уый тыххæй арфæйы ныхас зæгъын фæнды администрацийæн, йæ сæргъы Пхалæгаты Аслан, афтæмæй. Æртæ къорды сты нæ алы кар хъомылгæнинæгтæ, æмæ, цæмæй сæ цæттæдзинад уæлдæр кæна, уый тыххæй се ‘хсæн аразæм спарринг тохтæ.
Ныййарджытæ нын æх-хуыс кæнынц, уыдонæн дæр куыд нæ зæгъæм бузныг. Фæлæ мæм иу фиппаинаг ис. Зæгъгæ дæр сын æй фæкæнынн. Æз Дзæуджыхъæуы, Иры-хъæуы райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн, каст фæдæн 13-æм скъола. Зонын ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ традицитæ, ам райгуырдысты мæ ныййарджытæ, ам ныгæд сты мæ нана æмæ баба. Фæлæ ныртæккæ бирæ сабитæ нæ зонынц сæ мадæлон æвзаг. Ростовы турниры мæ лæппутæй иумæ хъæр кæнын тохы рæстæг иронау «Йæ сæр ын цæв!», зæгъгæ, фæлæ – никуы æмæ ницы. Фæстæдæр æм загъд кæнын, мæ амынддзинад мын цæуылнæ сæххæст кодтай, хъæр дæм куы кодтон, зæгъгæ, æмæ мын дзуапп радта, нæ, дам, дæ бамбæрстон. Уый фæстæ йын йæ фыды фарстон, æмæ басомы кодта, хæдзары, дам, иронау дзурæм. Сагъæссаг у ацы хъуыддаг æмæ йыл æвæстиатæй кусын райдайын хъæуы. Тренерæй кусын 32 азы æмæ уынын, мадæлон æвзаджы уавæр æхсæнады бындæр кæй кæны, уый.
Нæ уалахизты ис, куыд спортсментæ æмæ тренерты, афтæ ныййарджыты бавæрæн дæр. Ростовы турнир у рейтингон, хаст у Уæрæсейы Федерацийы ерысты иугонд къæлиндармæ. Аластам 14 лæппуйы æмæ чызджы. Къарджиаты Вероникæ, Темырты Константин, Аринæ Опарина, Наниты Маринæ, София Суходолова сты республикæйы чемпионтæ, æппæтуæрæсеон æмæ регионалон турнирты бирæ хæттыты уæлахиздзаутæ. Фæйнæ фодз хатты хæцыдысты Цæрикъаты Аланæ, Уыртаты Таймураз, Толасты Тамир, призон бынæттæ нæ, фæлæ фæндзæм бынæттæ бацахстой сæхи уæзты, æмæ уый дæр хорз бæрæггæнæн у, разæнгард сæ кæны фидæны уæлахизтæм, дæтты сын фæлтæрддзинад. Ноджы ма мæ бафиппайын фæнды, кæдæм ацæуæм, уым алы регионты минæвæртты ‘хсæн нæ сывæллæттæ бæрæг дарынц се ‘фсарм æмæ æгъдауæй.
Нæ раздæры хъомылгæнинæгтæ, царды уæрæх фæндагмæ рахизгæйæ, раст хъомыладимæ адæймæгтæ, нæ бæстæйæн аккаг граждæнтæ рауайы. Се ‘пæтты нæ фæнымайдзынæн, фæлæ дзы иу къорды нæмттæ зæгъдзынæн. Эльдар Хаметов Мæс-куыйы паддзахадон университеты политологийы факультет фæци, æнтыстджынæй кусы, ахуыр кæны аспирантурæйы. Дзеранты Михаил Уæрæсейы экономикæйы министрады бакуыста къорд азы, ныртæккæ та – В.Муткойы разамындæй «ДОМ.РФ»-йы, Болататы Зауыр къорд хатты химийæ æппæтуæрæсеон олимпиадæйы рамбылдта æмæ йæ А.Н.Колмогоровы номыл скъоламæ фæхуыдтой, – радзырдта нын Михаил.
Нæ ныхас рауади мидисджын, Михаил Маловичко, Датиты Аслæнбег æмæ Уаниты Олег зæрдиагæй кæй уарзынц сæ куыст, рæзгæ фæлтæры, уымæн та æвдисæнтæ сты сæ хъомыггæнинæгты æнтыстытæ, куыд спорты, афтæ царды иннæ къабæзты дæр.
Гапбаты Алетæ