Цæгат Ирыстоны радих кодтой, 500 милуан сомы бæрц льготæтæй чи пайда кæны, уыдонæн цæрæнуæттæ балхæнынæн сертификаттæ раттынæн. Республикæйы разамонæджы æмæ Хицауады пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ныридæгæн сфидар кодтой, паддзахадон æххуыс чи райсдзæн, уыдоны номхыгъд. 2022-2023 азты цæрæнуæттæ балхæнынæн сертификаттæ райстой 500 бинонтæй фылдæр.
Уыцы хæс сæххæст кæнынæн радих кодтой 1,6 миллиард сомы. Бафиппайын хъæуы, цæрæнуæттæ балхæнынæн сертификаттæ «Уæрæсейы цæрджыты æнцонвадат цæрæнуæттæ æмæ коммуналон лæггæдтæй сифтонг кæныны» программæмæ гæсгæ инвалидтæн, райдайгæ специалисттæн, æрыгон бинонтæн, лигъдæттæн æмæ Черноблы фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл чи архайдта, уыдонæн кæй дæттынц, уый.
«15 РЕГИОН»














