Мах 1 июны фæбæрæг кæнæм Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Иу хатт та нын нæ зæрдæтыл æрлæууын кæнынц, кæй тыххæй фыдæбон кæнæм, аразæм фидæн. Хуыздæр, ахсджиагдæр, хæзнадæр цы ис, уыдон дæттæм нæ сывæллæттæн, нæ республикæйы, нæ цытджын бæстæйы фидæнæн.
Диссаг дæр нæу, фæлæ ацы бæрæгбон нæ бæстæйы ссис адæмон, уымæн æмæ бинонты традицион хæзнатæ нæ алкæмæн дæр сты удварны хъомыс. Бинонты кой кæнгæйæ, нæ цæстытыл уайынц амондджын, æнæниз, хъæлдзæг сывæллæттæ. Нæ бæстæйы Президент Владимир Путин 2024 аз расидт Бинонты азæй, уымæ гæсгæ ныййарджытæ æмæ цоты фарстатæн уæлдай ахадындзинад ис.
Рæзгæ фæлтæрыл мæт кæнынмæ республикæйы разамынд къæрцхъус у, аразæм, цалцæг кæнæм рæвдауæндæттæ, скъолатæ, фæзынынц нæм сфæлдыстадон къордтæ, секцитæ, тырнæм ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынад фæбæрзонддæр кæнынмæ, саби цæмæй рæза, уымæн фадæттæ кæнæм. Куыстæн бауромæн нæй.
Мах, хистæртæ, æххæстæй æмбарæм, цы аразын нæ хъæуы, цæмæй нæ цот дзæбæхæй сырæзой, уыдæттæ. Сабидуджы сабийы уды бавæрæм æппæты ахсджиагдæр фæзилæнтæ, цæргæбонты сæ йемæ фæхæссы. Фысджытæ æмæ поэттæ сабидуджы тыххæй бирæ фыссынц, æппæты амондджындæр, æнæмæтдæр заман у уый. Уыцы азты хъармдзинад немæ æмдзу фæкæны алы рæстæг дæр. Фæнды мæ, цæмæй нæ сывæллæтты дуне уа æвæлмас æмæ хъармдзинадæй хайджын.
Ирыстоны сывæллæттæ, кæддæриддæр цинæйдзаг, фæрнæйдзаг ут! Æнæнизæй рæзут, амондджын ут. Мах, уæ хистæртæ, уæ тынг бирæ уарзæм!
Сергей Меняйло,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг