Сæрды фыццаг бон æхсызгонæй арфæ кæнын Сæвæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны фæдыл – бæрæгбон кæддæриддæр сывæллæттæн лæвар кæны ирд, цинæйдзæг æнкъарæнтæ, махæн, хистæртæн, та нæ зæрдыл лæууын кæны рæзгæ фæлтæры тыххæй бæрнондзинад. Нæ царды æппæты зынаргъдæр сты нæ цот, уыдоны фæрнæйдзаг æмæ амондджын цардæй нын ахсджиагдæр ницы ис.
Сывæллоны царды сæйраг бынат ахсынц фидар æмæ хæлар бинонтæ. Ацы аз ссис Бинонты аз, расидт æй Уæрæсейы Президент
Владимир Путин, уый фæбæрæг кодта бинонты традицион хæзнатæ, уыдон æвæрд сты сывæллоны хъомыл кæныны бындуры, йæ уды сыгъдæгдзинады ахсджиагдæр рахæцæнтæ.
Республикæ абон бирæ аразы не ‘взонг граждæнтæн, цæмæй се сфæлдыстадон, ногдзинæдтæм æмхиц æмæ спортивон курдиæттæ рæзой. Фæзынд нæм нырыккон рæвдауæндæттæ, скъолатæ, хъазæн æмæ спортивон фæзтæ, фæлладуадзæн бынæттæ. Ацы бон мæ арфæйы ныхæстæ зæгъын фæнды сывæллæтты æнæниздзинадмæ, хъомыладмæ, ахуырадмæ, рæзтмæ бардарæг адæмæн.
Ме ‘взонг æмбæстæгтæн фидар æнæниздзинад æмæ дзæбæх ахаст, хурджын сæрд, хъæлдзæг фæлладуагъд æмæ ног æмбæлттæ мæ зæрдæ зæгъы. Алы бон дæр уын æфсæст уæд уарзондзинадæй æмæ аудындзинадæй. Рæзут амондимæ, уе ‘нтыстытæй нын нæ зæрдæтæ æлхæнут!
Тускъаты Таймураз,
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар