Зæххытæй пайда кæныны хъуыддаджы уыдзæн фидар фæтк

0
194

Знон уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты дыууын æвдæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Депутаттæ фыццаг бакасты равзæрстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицаудзинады оргæнты æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы муниципалон скондты хиуынаффæйады бынæттон оргæнты ‘хсæн зæххытæ дæттыны бартæ байуарыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны 2 статьямæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Уый фæдыл ныхас кодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег. Куыд загъта, афтæмæй ивддзинæдтæ нывыл кæнынц зæххы хæйттæй сæ нысанмæ гæсгæ пайда кæныны хъуыддаг. Алы хъæуы, алы цæрæн бынаты дæр хъуамæ уа хизæнуæттæ æмæ дзы бынæттон цæрджытæн пайда кæныны бар хъуамæ уа. Уымæй уæлдай, раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта зæххыты рекультивацимæ æмæ загъта, фарстайыл кæй кусынц Зæххы æмæ исбонады ахастыты министрадимæ иумæ. «Алыхуызон нысаниуæджы зæххытæ нæм цас ис, сæ хицæуттæ чи сты, цы куыст кæнынц æмæ куыд пайда кæнынц уыцы зæххытæй – æппæт ацы фарстытæн дзуаппытæ ссарыны æмæ ацы хъуыддаджы фæтк сæвæрыны тыххæй арæзт æрцыд депутатон къамис, æмæ ныридæгæн уый йæ куыст кæны», – загъта Хæдарцаты Аслæнбег.
Фарстайы фæдыл фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивæг Дойаты Светланæмæ, депутат Суанты Валеримæ, зæххы æмæ исбонады ахастыты министр Тедеты Русланмæ. Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй зæххыты уавæр банывыл кæныны хъуыддаджы депутаттæ æмгуыст кæнынц республикæйы Хицауадимæ æмæ цыдæриддæр фарстытæ æвзæрдзæн, иунæгдæр дзы æнæ дзуап-
пæй нæ баззайдзæн.
Фарстайæн йæ ахсджиагдзинад нымайгæйæ, фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты закъон фидаргонд æрцыд.
Депутаттæ байхъуыстой, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Адæймаджы барты æххæстбарджыны ивгъуыд азы куысты тыххæй хъусынгæнинагмæ. Раныхасгæнæг уыд нæ республикæйы адæйма-
джы барты æххæстбарджын Цгъойты Тамерлан. Уый бæстон æрныхас кодта, ивгъуыд азы дæргъы адæмы курдиæттæ æмæ хъæстытимæ куыд куыстой, ууыл. Фæбæрæг кодта сæ архайды сæйраг нысантæ æмæ загъта, уæлдай стырдæр æргом здæхт кæй цыд æмæ кæй цæуы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ сæ бинонты бартæ бахъахъхъæнмæ. Уый тыххæй сарæзтой сæрмагонд кусæг къорд. Уымæй уæлдай, æххуыс кæнынц, æнæбары сæ цæрæн бынæттæ чи ныууагъта, æнæниздзинадмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, бирæсывæллонджын, цыбыркъух æмæ æндæр ахæм адæмæн.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æмæ загъта, доклады фæдыл Парламент кæй бацæттæ кæндзæн уынаффæйы проект. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Тускъаты Таймуразмæ, депутаттæ Реуазты Ларисæмæ, Фадзайты Арсенмæ, Дыдарты
Сосланмæ.
«Муниципалон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Мæздæджы муниципалон районы социалон-экономикон рæзт»-ы тыххæй районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Станислав Никифоровы раныхасмæ. Уый бæстон æрдзырдта, район цавæр бæрæггæнæнтæ æмæ æнтыстытимæ ахицæн кодта ивгъуыд аз, цавæр программæтæ æххæст кæны, ууыл æмæ фæбæрæг кодта, сæ размæ чи лæууы, уыцы фарстатæ: арæндоны арæзтад районы центрон рынчындоны, бирæфатерон хæдзæртты алфамбылæйтты нывылад æмæ æндæртæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Черчесты Аслан. Сæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ загътой Парламенты Сæрдары хæдивæг Ортабайты Тимур, депутаттæ Реуазты Ларисæ, Остъаты Георги, Хæдарцаты Аслæнбег.
«Парламентон сахат»-ы фæлгæты депутаттæ байхъуыстой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæны раныхасмæ. Уый ра-
дзырдта «Национ проект «Экологи»-йы фæлгæты хъæбæр коммуналон æппарæнтимæ архайыны иумæйаг системæ»-йы федералон проект Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрад куыд æххæст кæны», уый тыххæй. Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ арæзтадон политикæйы комитеты сæрдар Остъаты Георги. Фарстытæ уыд Ортабайты Тимурмæ, Цæгæраты Русланмæ, Фадзайты Арсенмæ, Остъаты Георгимæ, Уататы Зелиммæ, Бæззаты Аланмæ.

Дедегкаты Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here