Йе ‘нæниздзинад фæкæсынхъуаг кæмæн у, ахæм сывæллæтты реабилитацион центр «Феникс»-ы уыд фембæлд мотоæхсæнад «Алани»-йы архайджытимæ, кæцытæ сæ дзыппы хардзæй бацархайдтой хæрзаудæн акци саразыныл.
Байкертæ реабилитацион центры сывæллæттæн балхæдтой алыхуызон адджинæгтæ, хъазæнтæ, уымæй уæлдай ма сабитæн æхсызгон уыд, мотоциклтыл сæ кæй аралас-балас кодтой, уый.
– Ахæм хорз мадзæлттæ тынг пайда æмæ ахсджиаг сты нæ центры сывæллæттæн. Махæн æхсызгон у сæ хъæлдзæг, цæсгæмттæ уынын. Цы хорз æнкъарæнтæ райсынц сæ ныййарджытимæ, уыдон сты нæ куысты æвдисæнтæ, – загъта социалон реабилитацийы фарстаты директоры хæдивæг Багаты Кристинæ.
Тынг æнхъæлмæ кастысты сабитæ мотоæхсæнад «Алани»-мæ, семæ зонгæ сты, уымæн æмæ дзы фыццаг хатт нæ уыдысты, фарон дæр ахæм хæрзаудæн акци сарæзтой.
– Нæ зæрдæтæ барухс вæййынц, сабитæ нæм ахæм цымыдисдзинад кæй равдисынц, уымæй, – загъта мотоæхсæнад «Алани»-йы разамонджытæй иу – Хъæлыцты Сергей. – Фыццаг хатт сæм куы ‘рбацы-
дыстæм бабæрæг кæнынмæ, æмæ куы федтам, куыд æхсызгонæй ныл сæмбæлдысты, уый, уæд нæхицæн сбæлвырд кодтам, ацы аз дæр, æнæмæнг, кæй æрбацæудзыстæм. Бузныг зæгъын фæсивæды социализацийы центры раззагдæр психолог Никколты Зæлинæйæн. Афтæмæй ма бузныджы ныхæстæ зæгъын коллективæн сæ ахсджиаг æмæ ахадгæ куысты фæдыл, стæй Артур Айвазянæн, уый дæр йæхи номæй хъазæнтæ балхæдта. Елбайты Виктория æмæ Хъараты Аланæ та нæм фæкастысты ацы акци саразынмæ. Сывæллæтты æрттиваг цæстытæ, сæ цин махæн æхсызгон у.
Сæ акци сбастой Сывæллæтты хъахъхъæнынады бæрæгбонимæ.
Мотоæхсæнады уæнгтæй иу – Александр Петров куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы акци хи равдисыны тыххæй конд нæ цæуы, ахæм хæрзаудæн хъуыддаг скæнынмæ сын ис гæнæн æмæ йæ зæрдиагæй саразынц.
Реабилитацион центры сывæллæттæ дæр сын бацæттæ кодтой зарджытæ, сæ цинæн кæрон нæ уыд, тынг зæрдæрухс æмæ хъæлдзæгæй арвыстой сæ бон, райстой дзы хорз æнкъарæнтæ.
Цæгæраты Эльмирæ














