Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд æвзарджыты бартæ æмæ æвзæрстыты тыххæй закъонæвæрынад зоныны фарстаты фæдыл æппæтуæрæсеон олимпиадæ «Софиум»-ы архайджытæ æмæ уæлахиздзаутимæ. Амынд барадон ерысы нæ республикæйæ архайдтой ЦАКЪОТЫ Дианæ, ЦОРÆТЫ Валерия, ГАГЛОЙТЫ Лаурæ æмæ МÆРГЪИТЫ Валерия.
Æппæтуæрæсеон олимпиадæ «Софиум» æрвылаз арæзт цæуы УФ-йы Центрон æвзарæн къамис æмæ Уæрæсейы Рухсады министрады иумæйаг фæндонæй. 2023 азы «Софиум»-ы æппæт къæпхæнты ерысты архайдтой 12 мин скъоладзауы 80 уæрæсейаг регионæй. Нæ республикæйæ олимпиадæйы чи архайдта, уыцы фæсивæдæй стырдæр æнтыстдзинад бафтыд 7-æм дзæуджыхъæуккаг скъолайы ахуырдзау Цакъоты Дианæйы къухы – уый сси ерысы кæронбæттæны уæлахиздзау. 27 – æмæ 11-æм дзæуджыхъæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ Цорæты Валерия æмæ Гаглойты Лаурæ та систы олимпиадæйы æртыккаг къæпхæны призертæ.
Сергей Меняйло чызджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта сæ хæрзиуджыты тыххæй.
– Ахæм æнтыстдзинæдтæ уæ къухы æфты, бæстон ахуыр æмæ бирæ ногдзинæдтæ базонынмæ тырнындзинад иудадзыгдæр кæй æвдисут, уый фæрцы. Стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы уæлахизтæм стыр æвæрæн алкæддæр хæссынц уæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ дæр. Æнæмæнг, уыдон дæр сты арфæйы аккаг, – бафиппайдта республикæйы разамонæг.
Фембæлды архайдтой РЦИ-Аланийы регионалон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ æмæ, чызджыты олимпиадæмæ чи бацæттæ кодта, уыцы специалисттæ.
Æвзарджыты бартæ æмæ æвзæрстыты тыххæй закъонæвæрынад зоныны фарстаты фæдыл æп-
пæтуæрæсеон олимпиадæ «Софиум»-ы регионалон къæпхæны архайдтой 158 цæгатирыстойнаг скъоладзауы. Уыдонæй цыппар минæвары систы олипиадæйы кæронбæттæны архайджытæ – уый уыд Мæскуыйы апрелы.
СЛАНТЫ Аслан














