Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир КОЛОКОЛЬЦЕВ кæй амыдта, уыцы æмбырды видеобастдзинады руаджы архайдта РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗАНАЙТЫ Барис дæр.
Нарткотикты ныхмæ паддзахадон комитет йæ æмбырдмæ рахаста 2023 азы куысты бæрæггæнæнтæ. Комитеты сæрдар Владимир Колокольцев куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй наркотикты ныхмæ фарон æмхуызонæй стыр куыст бакодтой.
«Наркотиктимæ баст уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæндтæ фарон 11 проценты фылдæр рабæрæг кодтам. Уæдæ наркотиктæ уадзыны, уæй кæныны æмæ сæ æрвитыны цаутæ информацион технологиты ‘руаджы, хаст æрцыдысты документтæм. Уыдон раргом кæныны цаутæ 20 проценты фылдæр фесты. Наркологон æххуыс бакæныны тыххæй дæр куыст цæуы. Нæ фæсивæды ‘хсæн рапарахат наркотиктæм æргом ма аздахыны архайд», – загъта министр.
Æнæзакъонæй наркотиктæй пайда кæныны уæззау фæстиуджыты мадзæлттæн дæр аргъгонд æрцыд, æнæмæнг хъуамæ сæ тæссагдзинад фæныллæгдæр уа. Раздæр-иу наркотиктæй цы амæлыны цаутæ æрцыд, уыдон дæр фæкъаддæр сты. Ныхас ма рауад, наркотиктимæ баст адæмы раиртасыныл, наркотиктимæ бæстæйы цы уавæр сæвзæрд, уымæй хатдзæгтæ рахастой, æндæр ахсджиаг фарстатæ равзæрстой.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг
æмæ Хицауады пресс-службæ