Лæгæвзарæн рæстæг куы ралæууыд…

0
328

1941 аз 22 июнь – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæн – Фыдох æмæ зæрдылдарæны бон. Уыцы бон Уæрæсейы историйы бæрæг дары зæрдæхъыг æмæ фыдохæй. Уæд, боныцъæхтыл, фашистон Герман, хæст нæ расидгæйæ, æрбабырста Советон Цæдисмæ. Паддзахадон арæнтыл 250-300 километры æрбахизгæйæ, йæ хæдтæхджытæ æркалдтой бомбæтæ аэродромтæ æмæ æфсæнвæндæгтыл, денджызон-æфсæддон базæтыл, æфсады иудадзыг бынæттæ æмæ горæттыл.

Фашистон Герман уыцы рæстæгмæ фæуæлахиз бирæ европæйаг бæстæтыл. Советон Цæдисы ныхмæ Германимæ æрлæууыдысты Румыни, Итали, Словаки, Финлянди, Венгри, августы мæйы астæу уыдонимæ баиу Норвеги дæр. Советон адæм, сæ цард нывондæн хæсгæйæ, фидарæй æрлæууыдысты знаджы ныхмæ, сæ фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ. Уæззау тугкалæн хæст цыдис 1418 бон æмæ æхсæвы æмæ ахицæн фашисттыл фæуæлахизæй 1945 азы 9 майы.
Советон Цæдисæй уыцы тугкалæн хæсты бабын 26,6 милуан адæймаджы. Уыдонæй 8,7 милуаны фæмардысты тохы быдыры, 7,42 милуан адæймаджы нацисттæ ныццагътой, цы зæххытæ бацахстой, уым, 4,1 милуанæй фылдæр фæмардысты оккупацион режимы фыдуавæртæ æмæ фыдмитæй. 5,27 милуан адæймаджы тард æрцыдысты Герман, æмæ цы паддзахæдтæ бацахста, уырдæм фыдбоны куыстытæм. Уыдонæй сæ Райгуырæн бæстæмæ æрыздæхтысты се ’мбисæй фылдæр – 2,65 милуан адæймаджы, 450 мин адæймагæй фылдæр баззадысты фæсарæнты, 2,16 милуан адæймаджы фæмард сты, уацары уæвгæйæ. Немыцаг-фашистон лæбурджытæ бынтондæр ныддæрæн кодтой Советон Цæдисы 1,7 мин горæт æмæ поселочы, 70 минæй фылдæр хъæуы, паддзахадæн цы материалон зиантæ æрхастой, уыдоны аргъ (1941 азы æргътæм гæсгæ) схæццæ 679 миллиард соммæ, гитлеронтæ советон зæххыл цы егъау фыдмитæ, стыр бæллæхтæ æмæ фыдбылызтæ фæкодтой, ахæм та истори нæма зыдта.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдайæн бон 1992 азмæ официалон зæрдылдарæны цауыл нымад нæ уыд. Уыцы аз 13 июны Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг Советы Президиумы уынаффæмæ гæсгæ, уыцы бон нымад æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты зæрдылдарæн боныл.
1996 азы 8 июны Уæрæсейы Президенты Указмæ гæсгæ, йæ ном ивд æрцыд ахæм хуызы: «Фыдох æмæ зæрдылдарæны бон».
2007 азы 24 октябры Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин «Уæрæсейы зæрдылдарæн цаутæ æмæ æфсæддон намысы бонты тыххæй» закъоны ивддзинæдтæ бафыста, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты (1941 аз) райдайæны бон 22 июнь нымад æрцыд Фыдох æмæ зæрдылдарæны боныл.
22 июны Уæрæсейы паддзахадон тырысатæ дæлæмæ ‘руадзынц. Культурæйы уагдæтты, телеуынынад æмæ радиойы æнæхъæн бон аивынц хъæлдзæггæнæн, ирхæфсæн равдыстытæ. Бæстæйы разамонджытæ сæвæрынц веноктæ Мæскуыйы Æбæрæг салдаты ингæныл.
Уыцы бон Уæрæсейы адæмтæ хъыгзæрдæйæ фæмысынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1941-1945 азты Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыцы хæстонты æмæ хæсты цæхæры чи басыгъд, уыдоны. Фыды-
бæстæйы Стыр хæсты цæхæры Ирыстонæй цы мыггаг, цы бинонтæ нæ бахаудтой, ахæмтæ стæм разындзæн. Уæдæ, Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ дæр, Ирыстоны минæвæрттæ цы стыр хъæбатырдзинад равдыстой, уый зындгонд уыд æппæт Советон Цæдисы дæр, Уæрæсейы Федерацийы дæр.
21 июны изæры Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ, фæстæдæр æндæр алыхуызон хæстыты чи фæмард, уыдон мысынæн сæвæрдтой мыдадзын цырæгътæ.
Изæры та Фыдох æмæ зæрдылдарæны боны фæдыл Дзæуджыхъæуы уыдзæн концерт «Реквием». Ахæм концерт ма уыдзæн Металлургты галуаны дæр.
Республикæйы хъæуты цæрджытæй бирæтæ сæвæрдтой дидинджытæ, Фыдыбæстæйы хæсты чи фæмард, уыдоны цыртдзæвæнтыл.
Фыдох æмæ зæрдылдарæны бон Ирыстоны æнæрымысгæ нæ фесты, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи фæмард, уыцы хæстонты дæр.

КАСАТЫ Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here