Æлбегаты Аланы «Сыгъзæрин маскæ»

0
182

Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион паддзахадон театры актер Æлбегаты Алан ссис уæрæсейаг национ театралон преми «Сыгъзæрин маскæ»-йы лауреат. Рамбылдта йæ «Нæлгоймаджы хуыздæр роль»-ы номинацийы. Уый фехъусын кодта республикæйы Культурæйы министрады пресс-службæ.
Лауреаттæ сæ хæр-зиуджытæ райстой кадджын уавæры Мæс-куыйы. Æлбегаты Алан «Сыгъзæрин маскæ» райста къарол Лиры ролы ахъазыны тыххæй. Спектакль цыд ирон æвзагыл, нæ актер равдыста нæлгоймаджы хуыздæр фæлгонц. Цыппар къæпхæны номинацитæм бавдыстой Ирон театры спектакль «Къарол Лир».

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here