РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО фембæлд нæ рес-публикæмæ кусæг балцы ссæуæг Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæ-дзарады министр Оксанæ ЛУТИМÆ. Фембæлды рæстæг æркастысты нæ республикæйы агропромышленносты рæзты фарстатæм. Ныхас цыди зайæгойты куысты къабаз, фосдарынад, агробизнес æмæ хъæууон туризмæн æххуысы фарстатыл, стæй, регионы хъæууон фæзуæтты рæзтимæ программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй.
Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй Цæгат Ирыстон сæрæнæй архайы паддзахадон программæ «Хъæууон фæзуæтты комплексон рæзт»-ы, йæ руаджы арæзт цæуынц социалон объекттæ – скъолатæ, рæвдауæндæттæ, спорткомплекстæ. Ацы аз уыцы программæйæн республикæ райста 740 милуан сомы.
Фембæлды бон ма Сергей Меняйло æмæ Оксанæ Лут бабæрæг кодтой Хæххон аграрон университет æмæ «Хъазахъхъæгты хутор»-ы фæткъуыбæлæсты дыргъдон. Аграрон университеты федералон ведомствæйы разамонæг базонгæ, 2021 азы арæзт чи æрцыд, уыцы селекцион хæрзмыггагыл архайæг наукон центры куыстимæ. Ацы центры наукон-иртасæн программæйы ис селекцийы æртæ здæхты. Фæстаг дыууæ азы центры егъау куыст бакодтой мыггæгты хæрзхъæддзинад æмæ картофы генетикæйыл. Ахуыргæндтæн æппæт уавæртæ дæр ис æнтыстджын куыстæн.
Фарон селекцион хæрзмыггагыл архайæг наукон центры бындурыл байгом нырыккон генетикон технологиты лаборатори æппæт уавæртимæ хуыздæр дунеон стандарттыл иртасæнтæ кæнынæн æмæ бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ селекцион-генетикон æрмæг райсынæн. Уый фæахъаз уыдзæн хъæууонхæдзарадон культурты ног сорттæ æмæ гибридтæ райсынæн.
Оксанæ Лут ма ахуырадон уагдоны фембæлд, дыууæ азы дæргъы сæрмагонд æфсæддон операцийы архай-джытæн чи æххуыс кæны, уыцы волонтерты змæлд «СВОим»-ы активимæ. Волонтертæ сты университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ, сæ бавæрæн хæссынц республикæйы цæрджытæ дæр.
Дарддæр Сергей Меняйло æмæ Оксанæ Лут ацыдыс-ты «Хъазахъхъæгты хутор»-мæ – фæткъуыбæлæсты дыргъдоны инвестицион проект æххæстгæнæг куыст-уатмæ æмæ æркастысты фæзуæттæм. Ам иу мин гектарыл ныссагътой фæткъуыбæлæсты дыргъдон, сарæзтой, тыллæджы фæндзай тоннæйы кæм дарой, ахæм амаддзæгтæ, пластикæй контейнертæ аразæн цех.
2023 азы дыргъдæттæ раттой 30 тоннæйы фæткъуы, ацы аз та, инвестор Къациты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй тыллæг ноджы бæрзонддæр уы-дзæн. Куыстуатыл бахардз кодтой 14 миллиард сомы, сарæзтой 621 куысты бынаты. Инвестицион проект кæронмæ царды уагъд куы ‘рцæуа, уæд куысты бынæтты нымæц уыдзæн 730.
Оксанæ Лут бæрзонд аргъ скодта агропромышленнон куыстуаты архайдæн æмæ фæбæрæг кодта, Уæрæсейы Федерацийы Хъæууон хæдзарады министрад дарддæр дæр регионтæн кæй æххуыс кæн-дзæн дыргъдæттæ са-
дзыны проектты. Ахæм у УФ-йы Президент Владимир Путины фæ-дзæхст дыргътæ æмæ мæнæргъыты къабазы бæстæйы хæлцы æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Цæгат Ирыстон ис проекты сæрæн архайджыты хыгъды.
Оксанæ Лут бафиппайдта, æмткæй райсгæйæ, хъæу-уон хæдзарады къабазы Цæгат Ирыстон хорз бæрæггæнæнтæ кæй æвдисы.
– Фарон Цæгат Ирыстон æрæмбырд кодта 900 тоннæйы бæрц хоры культуртæ. Тынг хорз бæрæггæнæнтæ ис регионы фосдарынады къабазы дæр куыд æхсырытоварон, афтæ маргъ æмæ стур, фосы дзидзайæ дæр. Фæбæрæг кæнын ма мæ фæнды регионы архайд хъæу-уон фæзуæтты комплексон рæзты программæйы. Рес-публикæйы æппæт муниципалон районты дæр арæзт цæуынц нырыккон инфраструктурæ æмæ цæрынæн хæрзвадæттæ – ног скъолатæ, рæвдауæндæттæ, культурæйы артдзæстытæ, коммуналон хызтæ. Æмткæй райсгæйæ сын 2020-2023 азты федералон бюджетæй уагъд æрцыд 3,9 миллиард сомы. Ацы аз ма республикæ хъуамæ райса 765 мил-уан сомы. Иннæ азмæ Цæгат Ирыстон балæвæрдта гæххæттытæ 11 проектæн, æмæ æууæндæн ис, цалдæры фарс дзы кæй рахæц-дзысты, – фехъусын кодта Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министр уацхæсджытæн.
Сергей Меняйло бафиппайдта, республикæйы хицауады оргæнты куысты сæйрагдæр здæхттæй иу хъæууон хæдзарады рæзт кæй у, уыимæ, рæстæджы ног домæнтæ хынцгæйæ, Ирыстоны традицион здæхттæм дæр цæстдард цæуы.
– Базарад йæхиуæттæ домы. Мах агропромышленнон комплексы æппæт къабæзты дæр архайæм, куыд, Ирыстонæн историон чи у, уыдоны, афтæ нæм, се ‘рзайын кæныны технологитæ кæмæн фæзынд, ахæмты дæр. Зæгъæм, галæрыскъæф, къабузæджы куыст нæ регионы ныр райдыдтам. Уый у рес-публикæйæн базарады архайын экономикон рæзты рахæцæнтæй иу. Бузныг Уæрæсейы Хъæууон хæ-дзарады министрадæн нæ æмгуыстады тыххæй, бирæ программæтыл архайæм иумæйагæй. Вазыгджындæртæй нын иу у хъæууон фæзуæтты рæзт. Дызæрдыггаг нæу, хъæумæ стырдæр æргом здахын кæй хъæуы, æппæт мадзæлттæ аразын, цæмæй дзы уа нырыккон инфраструктурæ æмæ цæрынæн хæрзвадæттæ. Федералон министрад нын уыцы хъуыддаджы стыр æххуыс дæтты, – загъта Сергей Меняйло.
Фæбæрæг кæн-дзыстæм: фарон Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады куысты бæрæггæнæнты индекс уыдис 106% – Уæрæсейы рæстæмбис бæрæггæнæнæй бæрзонддæр. Уый къухы бафтыд, паддзахадон æххуыс хъæууон хæдзарады кусджытыл афойнадыл кæй сæмбæлд, уый руаджы. Ацы аз республикæйæн рат-дзысты 1,7 миллиард сомы, ныридæгæн уал уыцы фæрæзтæй хардзгонд æрцыд 60 процентмæ ‘ввахс.
Ныртæккæ республикæйы бавнæлдтой хор æфснайынмæ. Куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпытæй, фæллойгæнджытæ хъуаг ницæмæй æййафынц. 2023 азы республикæ нæ бæстæйы рацыд фыццаг бынатмæ
хорæрзадæй, ацы азы бæрæггæнæнтæ дæр ныллæгдæр нæ уыдзысты.
Уымæй уæлдай ма, Цæгат Ирыстоны сæрæнæй куыст цæуы гыццыл хъæуты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Паддзахадон программæты фæлгæты 2024 азы архайынц фондз мадзалыл. Федералон
бюджеты æххуыс уыдзæн 765 милуан сомы. Фæрæзтæ бахардз кæндзысты граждæнты цæрæнуæтты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, хæрзвадæттæ саразын æмæ инфраструктурæйы рæзтыл.
ГАПБАТЫ Алетæ














