Æнаиппæй службæ кæны

0
123

Алагиры районы Суададжы астæуккаг скъолайы ахуыр кæныны рæстæг дæр КЪÆМÆДЗАТЫ Арсены фæндыд пъæлицæйы кусæг суæвын.

Лæппу кæй æхсæн хъомыл кодта, уыцы бинонтæй иу дæр барадхъахъхъæнæг оргæнты кæд нæ куыста, уæддæр Арсен йæ размæвæрд нысан æнæмæнг баххæст кæныны фæнд скодта æмæ амынд ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ суадаггаг лæппу ахуыр кæнынмæ бацыд бæстæйы Мидхъуыддæгты министрады Краснодары университетмæ, ссис цæттæкæнынады къабаз «Юриспруденци»-йы курсант. Арсены ныхасмæ гæсгæ, ацы университеты ахуырад ахъаз кæны юридикон зонындзинæдтæ райсынæн æмæ пъæлицæйы куыст хуыздæр рахатынæн.
Краснодары ахуыры рæстæг не ’мзæххон архайдта дунеон æмвæзадыл дзыллон мадзæлтты. Зæгъæм, Арсен йе ’мбæлттимæ иумæ горæт Сочийы ацæуæг саммит «Уæрæсе-Африкæ»-йы æмæ «Формулæ-1» чемпионаты æдас-дзинадæн фадæттæ арæзта. Уæрæсейы Юристты ассоциаци кæй сарæзта, уыцы алыхуызон конкурсты архайгæйæ, ирыстойнаг лæппу дзы цалдæр хатты бацахста призон бынæттæ.
Æндæраз краснодайраг университет иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæуын æмæ пъæлицæйы лейтенанты цин райсыны фæстæ Къæмæдзайы-фырт службæ кæнын райдыдта Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады. Службæйы хæстæ æххæст кæнгæйæ, Арсен хъахъхъæны Дзуарыхъæу æмæ Гуысырайы цæрæг адæмы бартæ, æххуыс сын кæны царды алыхуызон фарстатæ лыг кæныны хъуыддаджы. Фæсивæдимæ фембæлдтыты рæстæг пъæлицæйы кусæг рæзгæ фæлтæрæн æмбарын кæны закъоны домæнтæ, стæй, æвзæрдзинадæй хи бахизæн куыд ис, уыдæттæ.
Арсены хъуыдымæ гæсгæ, зын уавæрты дæр кусын чи хъуамæ зона, уыцы барадхъахъхъæнæджы хæс у бæрнондзинад æмæ ныфсхастдзинады миниуджытæй хай-джын уæвын. Афтæ кæд уа, уæд адæм пъæлицæйы кусæгыл æу-уæнддзысты æмæ йын кад кæн-дзысты.

ГÆЗЗАТЫ Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты хайады
инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here