Гранты фæрцы

0
167

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО йæ Телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй грант «Агростартап»-ы фæрцы нæ республикæйы сарæзтæуыд 219 ног фермерон хæдзарады.

Адæмæн амынд уагæй æххуыс кæнын райдыдтой 2019 азы. Уыцы рæстæгæй нырмæ нæ республикæйы Хъæу-уон хæдзарады министрад 219 фермерæн радта 682,6 милуан сомы бæрц æхцайы фæрæзтæ. Сарæзтæуыд 53 куыстадон бæстыхайы, балхæдтой хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзты 831 иуæджы æмæ стурвосы 2408 сæры, фæзынд нæм 11 хъæрмуаты, 211 адæймагæн та куыст радтой.
«Цæгатирыстойнæгтæ федералон æххуысы мадзалæй парахатæй пайда кæнынц. Нæ фæсивæд грант «Агростартап»-мæ стыр æргом кæй здахынц, уый мын æхсызгон у. Æрыгон адæймæгтæ конкурсон æвзæрс-
ты зæрдиагæй архайынц, сæхи хæдзарæдтæ байгом кæнынц. Ацы аз грант «Агростартап» баххæст кæнынæн рахай кæндзыстæм 132 милуан сомæй фылдæр. Æппынкъаддæр 25 цæгатирыстойнаг фермерон хæдзарадæн баххуыс кæн-дзыстæм», – фыссы Сергей Меняйло.
Программæ «Агростартап» архайы национ проект «Чысыл æмæ рæстæмбис амалиуæгад»-ы фæрцы. Хъæууонхæдзарадон куыст æххæст кæнын кæй фæнды, алы ахæм адæймагæн дæр ис æхцайæ æххуыс райсыны бар. Уынаффæйы фæдыл бахатæн ис нæ республикæйы Хъæууон хæдзарады министрадмæ.

«ИрИнформ»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here