Фыдбылызæй бахизынæн

0
344

Мæздæджы районы мидхъуыддæгты хайады автоинспекцийы кусджытæ æххæст кæнынц фистæг бæлццæтты архайдимæ фæндагон-транспортон фыдбылызтæй адæмы бахизыны фæдыл куыст.

Дзыллон мадзал «Внимание: пешеход!» æххæст кæнгæйæ, барадхъахъхъæнджытæ уæлдай фылдæр æргом здахынц фæндаджы сæрты æнæмбæлгæ рæтты хизæг æмæ рухснысаны сигнал ницæмæдарæг фис-тæг бæлццæттæм, стæй бæлццæттæн фæндаджы сæрты сæрмагонд бацæуæнты фæндаг нæдæттæг хæдтулгæскъæрджытæм.
Автоинспектортæ фæндагыл цæуыны архайджытæн, тематикон сыфтæ сын дæтгæйæ, фæдзæхсынц фæндагыл цæуыны фæтк биноныг æххæст кæнын æмæ балцы рæстæг цырддзаст уæвын. «Зебрæ»-мæ ’рбаввахсуæвæг хæдтулгæскъæрджыты хæс у транспортон фæрæзы тагъдад фæсындæг кæнын æмæ фистæг бæлццæттæн фæндаг раттын, фæндаджы сæрты хизæг фистæг бæлццоны хæс та у, транспортон фæрæз ын фæндаг кæй дæтты, уый рахатын æмæ фæндагыл цæуыны фæтк бæстон æххæст кæнын. Уымæй уæлдай, суткæйы талынг афон фистæг бæлццоны хæс у уæлæдарæс æмæ хызынтыл рухсфæстæмæздахæг хæйттæй пайда кæнын.

Мæздæджы районы автоинспекци

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here