Нæ бæстæйы Президент Владимир ПУТИН Бетъырбухы дунеон экономикон форумы куыд радзырдта, афтæмæй кусæг пенсиисджытæн сæ пенситæ индексацигонд цæудзысты 2025 азы февралæй. Ома, 2016 азæй райдай, афтæмæй. Уыдæттæн, дам, нæ бæстæйы фаг фæрæзтæ ис.
Кусæг адæм фырцинæй хæрдмæ схаудтой æмæ фæстæмæ æрхаудтой. Уайтагъд кусæг адæймаджы цæстытыл ауад æхцайы цъæпæра, раст сыл йæ къухтæ куыд не ‘ххæссынц, уыдæттæ. Ахæм нывтæ махæн тæссаг сты. Фæлæ…Раздæр уал хъуамæ закъоны проект сфидар кæна Паддзахадон Думæ. Уым та хуымæтæг адæм нæ бадынц, афтæтæ гæнæн, дам, нæй. Æрмæстдæр, дам, пенсиисæг йæ куыст куы ныууадза, уæд æм йæ æппæт индексацитæ дæр æрхаудзысты. Ныр та, дам, уал аз дыууæ хатты исдзысты индексацигонд пенси. Уый дæр, дам, уын æгæр у.
Уæдæ Уæрæсейы фæллой æмæ социалон рæзты министр Антон Котяков дæр уавæр афтæ æмбарын кæны, индексаци, дам, хауы, кусæг æмæ йæ куыст ныууадзæг пенсиисджытæм. Уæ худтæ, дам, хæрдмæ æппардзыстут, уæ куыстытæ куы ныууадзат, уæд. Ома, уæ пенситы индексаци уæм æнхъæлмæ кæсы ихæй æмбæрзтæй, митæй нæ, фæлæ ихæй! Цæмæй, дам, ыл хъуына ма абада… Ахæм диссаг ма уа.
О, чидæр, дам, цæстæнхъæл нæ уыд æмæ æрфыг, æрфыг кодта. Мах дæр, æвæццæгæн, нæхи раст дарын нал зонæм. Æрхъуыдис нæ индексацигонд пенси. Хорз, нæ куыстытæ ныууадздзыстæм, фæлæ кусгæ та чи кæндзæн, чи балæудзæн, зæгъæм, дзæбæх чи фыссы, уыцы уацхæссæджы бæсты. Иу хуымæтæг дзæбæх ныхас ныффыссын кæмæн не ‘нтысы, афтæмæй нæ тыргъты сæрбæрзондæй хъæддых къахдзæфтæ нымайгæйæ, рацу-бацу чи кæны, уыдон?
Кæй бар хъуамæ ныууадзæм мах нæ газет, кæм сты хорз цæттæ журналисттæ? Цæуылнæ нæм бырсынц? Нæ мызды бæрц зæрдæмæдзæугæ нæу, фæлæ фарста махмæ нæ хауы. Уæлдæр чи бады, уыдон та нæ нæ хъусынц. Фæнды – фысс, фæнды – ма! Цыбырдзырдæй, фидæны февралы райсдзыстæм индексакцигонд пенси. Фæлæ кусæг адæймаг йæ мыздæй хъалон 13 проценты кæй фиды, уый та нымад цæуылнæ цæуы???














