«Мамысон»-ы ног къæпхæн

0
231

Курорт «Мамысон», нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО РЦИ-Аланийы Парламентмæ фæдзырды куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы азы кæрон туристты фыццаг къордыл æхсызгонæй сæмбæлдзæн. Фынддæс азы рацыд, йæ бындур æвæрд куы ‘рцыд, уæдæй нырмæ, æмæ бирæтæ æууæндгæ дæр нал кодтой, проектæй ма исты рауайдзæн, ууыл. Арæзт дзы æрцыд æрмæстдæр автомобилон фæндаг Дæллаг Зæрæмæджы онг, электроподстанцæ æмæ 23 километры электрон тыхдæттæг линитæ, донисæн æмæ донуа-дзæн хыз, бахардз сыл кодтой 2,2 миллиард сомы. Дарддæр проектмæ цыппар азы æвнæлд дæр нал æрцыд.

2019 азы нæ республикæйы разамонджытæ Уæрæсейы Хицауады размæ рахастой «Мамысон»-ы ног проект – уым курорты масштаб, раздæримæ абаргæйæ, дзæвгар фæ-къаддæр, æмæ йын разыйы дзуапп раттой. Уынаффæ рахастой республикæйы туристон-рекреацион хуызы сæрмагонд экономикон тæлм саразыны тыххæй: ахæм уынаффæ сфидар кодта Уæрæсейы Федерацийы Министрты кабинет. Афтæ «Мамысон»-ы ног цард райдыдта.
Проект ахæм егъау у, æмæ йæ куысты райда-йæн уыдзæн æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы дæр «тектоникон змæлдау». Ныртæккæ «Мамысон»-ы концепци у ахæм – уыцы иу рæстæг йæ бон суазæг кæнын уыдзæн 5700 адæймаджы, уыдонæй 2200 – иунæг бонмæ чи ‘рбацæудзæн æмæ æхсæвиуат чи нæ бакæндзæн, ахæмтæ. 3500 туристæн та сæ бон æрлæууын уыдзæн фысым-уатон хъæу «Калак»ы.
Эксперттæ куыд зæгъынц, афтæмæй «Мамысон»-ы ис, æмбал кæмæн нæй, ахæм æрдзон уавæртæ, æмæ уый руаджы хъуамæ суа нæ бæстæйы фæлладуадзæн бынæтты сæйрагдæртæй иу, куыд «Архыз», «Домбай» кæнæ «Красная Поляна». Уый тыххæй та арæзтад кæронмæ ахæццæ кæнын хъæуы.
Сергей Меняйло куыд зæгъы, уымæ гæсгæ 2024 азы райдианы сцæттæ рекреацион комплексмæ автомобилон транспортæн тъунел. Дæллаг Зæрæмæгæй курортмæ фæндаджы техникон цæттæдзинад ныртæккæ у 80 проценты, афæдзы кæронмæ арæзт æрцæу-дзæн. Донæмбырдгæнæнтæ цæттæ сты æмæ скуыстой. Дарддæр рæвдз кæнынц коммуникацитæ: газдæттæн подстанцæ æмæ газуадзæн хæтæл дæр фæззæджы срæвдз уыдзысты, электрон тых та ратдзысты июлы.
Аразджытæ къанатын фæндаджы фыццаг цæ-джындз. Баззади ма ахæм ссæдз егъау цæджындзы ныссадзын, æмæ сыл æмбæлдзæн кабинкæтæ – 8 бынаты кæм ис, Уæрæсейы компани «Руслет»-ы арæзт ахæм 85 «гондолæйы» æрцауындзын.
Къанатын фæндаджы бинаг станцæ уыдзæн 2025 метры бæрзæнды, сæрыккаг та – 2913 метры бæрæггæнæны, æмткæй М1 дæргъ у 3,2 км, рæстæмбис нымадæй йæ ацæуыныл
хардзгонд цæудзæн 10 минуты.
Къанатын фæндаджы цæджындзты арæзтады æмгъуыдтæм иудадзыг йæ цæст дары Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, æмæ дзы рады хæлдтытæ нæй. Аразынц бирæфадатджын центр, уазджыты хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат, ратрактты гараж, 600-бынатон æрлæууæндон уазджытæн, 400-бынатон æмдзæрæн. Бирæ тыхтæ æмæ рæстæг хардзгонд цæуынц аразгæ миты системæ ныффидар кæныныл дæр.
Æппæт уыдæттæ хъуамæ паддзахады хардзæй саразой. Фæлæ дзы ис уыдонæй вазыгджындæр инвестицитæ амалхъом адæймæгтæй, бирæты дзы фæнды проекты се ’хца бавæрын. Ныртæккæ Уæрæсейы Экономикон рæзты министрад сбæрæг кодта курорты æртæ ног инвесторы, раттой сын зæххы хæйттæ «цыппар стъалыйы» фысымуæттæ саразынæн.
– Курорт «Мамысон»-ы резидент 2023 азы кæронмæ проекты йæхи фæрæзтæй бавæрдта 950 милуан сомы – бизнес æмæ хицауады æмгуыстады æвдисæн. Ацы проект 2025 азы кæронмæ æххæстгонд куы ‘рцæуа, уæд ратдзæн æртæ мин куысты бынатæй фылдæр, – загъта Сергей Меняйло.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here