Хæрзиуджытæ – хуыздæр ахуыргæнджытæн

0
115

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады сæрмагонд къамис бахыгъта ахуыргæнджыты профессион дæсныдзинады æрвылазон конкурсы бæрæггæнæнтæ. Ныр уыцы профессион ерысы уæлахиздзау-тæн сæ педагогон архайды æнтыстдзинæдты тыххæй саккаг кæндзысты сæрмагонд премитæ.

Цас хъæугæ, цас цымыдисаг æмæ цæйбæрц бæрнон у ахуыргæнæджы дæсныйад, кæуылты у йæ ахадындзинад æхсæнады царды! Уый зæрдыл даргæйæ, стæй педагогон кусджыты сæ ахсджиаг архайдмæ разæнгарддæр кæныны нысанимæ арæзт цæуынц профессион дæсныдзинады алыхуызон конкурстæ. Уыдонæй иу – ацы ерыс. Конкурсы архайыны фадат уыд республикæйы иумæйагахуырадон скъолаты æппæт педагогтæн дæр (уыимæ, йæ профессион стаж æппынкъаддæр хъуамæ уа 3 азы). Æмæ уыцы фадатæй бирæтæ спайда кодтой. Ныр сæрмагонд къамис æркаст конкурсантты арæхстдзинадмæ æмæ сбæрæг кодта æнтыстджындæрты.
Афтæ, конкурсы уæлахиздзауты кæронбæттæн номхыгъды сты 7 адæймаджы:
Людмилæ Арисланова – Дзæуджыхъæуы иумæ-йагахуырадон скъола-интернаты райдайæн кълæс-ты ахуыргæнæг;
Баликъоты Альбинæ – Горæтгæрон районы Михайловскы хъæуы астæуккаг скъолайы физикæйы ахуыргæнæг;
Гæззаты Татьянæ – Горæтгæрон районы Æрхонкæйы станицæйы 1-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг;
Тлаттаты Оксанæ – Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнæг;
Хæблиаты Иринæ – Беслæны 8-æм астæуккаг скъолайы райдайæн
кълæсты ахуыргæнæг;
Цгъойты Дилярæ – Алагиры 3-æм астæуккаг скъолайы нывкæнынад æмæ технологиты ахуыргæнæг;
Цопанаты Зæлинæ – Физикон-математикон республикон лицей-интернаты уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
Конкурсы уæлахиздзау-тæн саккаг кæндзысты сæрмагонд дипломтæ æмæ премитæ фæйнæ 200 мин сомы бæрцæй.

КАЛМАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here