Æххæстгæнинаг хъуыддæгтæ – бирæ

0
353

Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй ацыд Хицауады æрвылкъуырион æмбырд. Куыд алы хатт, афтæ ныр дæр рæгъмæ рахастой бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон уавæр æмæ æдасдзинады фарстатыл.

Ивгъуыд къуырийы оперативон уавæрыл дзургæйæ, æмбырды архайджытæ æркастысты Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæны, уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы архайдмæ. Куыд загътой, афтæмæй арæнты сæрты ахызт 26400 хæдтулгæйы. Сергей Меняйло бафæдзæхста, цæмæй таможняйы хæдтулгæтæ ма æмбырд кæной, цæмæй электрон радæй пайда кæной, уымæ цæст дарын.
Нæ республикæ йæхи цæттæ кæны фыццаг Æппæтуæрæсеон театралон фестиваль «Вахтангов. Путь домой»-мæ. Куыд ацæудзысты кадджын мадзæлттæ, уымæ дæр раздæхтой се ’ргом.
Сæрмагонд службæтæ дзуапдæттæн докладтæ скодтой, электрон тых, æрдзон газ æмæ нуазыны доны системæты цы къуылымпытæ уыд, æмæ сæ куыд аиуварс кодтой, уый тыххæй.
– Сымахæй бирæ аразгæ у, цæмæй цалцæггæнæн бригадтæ сæ куыст афойнадыл бакæной, æмæ адæм зындзинæдтæ ма æййафой, – загъта сын Сергей Меняйло.
«Роспотребнадзор»-ы минæвар фехъусын кодта, ныртæккæ инфекцион низты нымæц кæй нæ фæфылдæр ис, Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадимæ кæнынц профилактикон куыст.
Республикæйы бюджет куыд æххæстгонд цæуы, мызд афойнадыл кæй фидынц, уый тыххæй загъта РЦИ-Аланийы финансты министр Исахъты Олег.
Ногиры аразынц музыкалон скъола, Нартыхъæуы – рæвдауæндон, Беслæны ивынц доны хæтæлтæ – ацы объекттыл архайд цæуы къуылымпытимæ. Цæмæн афтæ у, ууыл дзырдтой æмбырды.
Дзæуджыхъæуы æхсæнадон транспорт æвзæр цæуы, нæ фаг кæнынц хæдтулгæтæ. Горæты администрацийы минæвар куыд зæгъы, афтæмæй шофыртæ нæ фаг кæнынц, сæ мызд 35-50 мин сомы кæй у мæймæ, уый сæм чысыл кæсы, агурынц дыууæ хатты фылдæр мызд. Уæдæ 28 трамвайæ æрмæст 14 рацæуынц куыстмæ.
Адæм хъаст кæнынц, бырон афойнадыл нæ ласынц, зæгъгæ. Афтæмæй æрвылбон кусынц 72 хæдтулгæйы, уыдонæй 23 лæггад кæнынц республикæйы районтæн.
Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ фехъусын кодта, Беслæны Менделеевы уынджы ног скъола цæттæ кæй у ахуыры азмæ. Уыимæ республикæ райсдзæн 320 мин ног чиныджы. Æппæтуæрæсеон туристон слет ацы аз ацæудзæн Ирыстоны, 400 скъоладзауы Уæрæсейы алы регионтæй ссæудзысты, дыууæ къуырийы чи цæудзæн, уыцы слеты архайынмæ.
– Æдасдзинады æппæт фарстатæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой, цæмæй нæ уазджытæ сæхи хорз æнкъарой, – бафæдзæхста Сергей Меняйло.
Æмбырды ма æркастысты æндæр фарстатæм дæр.

ГУГКАТЫ Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here