Мæ къахдзæф фæрогдæр вæййы

0
252

Уæ бон хорз, «Рæстдзинад»-ы редакци! Æз кæд уырыссаг дæн, уæддæр райгуырдтæн Беслæны æмæ зонын ирон æвзаг. Хъуыддаг ууыл дæр нæу – æхсæрдæсаздзыдæй кусын райдыдтон Рахизфарсы бастдзинады хайады æмæ ныр фæндзай азæй фылдæр æвæллайгæйæ мæ профессионалон хæстæ æххæст кæнын. «Рæстдзинад» фыссынц фылдæр ацæргæ адæм, зонын, чи йæ рафыссы иудадзыг, азæй-азмæ, уыдоны. Тынг æм фенхъæлмæ кæсынц. Зæрдиагæй бацархайынц, цæмæй ирон адæмон газет фылдæр адæм рафыссой.

Æвæлладæй кусын, зæгъгæ, загътон, фæлæ азтæ дæр сæ куыст кæнынц, сæ уæз мыл æруагътой, æмæ афæдз дыууæ хатты фæстаг къорд азы ме ‘нæниздзинад фæфидар кæныны тыххæй ацæуын Дзæуджыхъæумæ Геронтологон центрмæ.
Ам цы коллектив кусы, уыдоны арфæйаг архайды тыххæй дзырдтæ ссарын зын у. Фылдæр сæм медицинон æххуысмæ цæуынц хистæр кары адæм, центрæн, куыд фæзæгъынц, йæ ном – йæ уæлæ. Æмæ нæм диссаджы рæвдаугæ ахаст ис медицинон кусджыты ‘рдыгæй, райдай дохтыртæ æмæ медицинон хотæй æмæ æфснайджытæй фæу. Архайынц нырыккон ифтонггæрзтæй, аппараттæй. Рынчынтæн дæттынц æрмæст медицинон нæ, фæлæ психологон æххуыс дæр, сæ уавæрмæ сын æнæсцухæй æхсæвæй-бонæй кæсынц. Рынчынтæн дыууæбынатон хатæнты æппæт уавæртæ дæр ис – уазалгæнæн, телевизор, бахъуаджы сахат – бастдзинады фæрæз медицинон хоимæ. Реабилитацийы физикон дзæбæхгæнæн хуызтæ – массаж, физкультурæ, озон æмæ судзинтæ, дзæбæхгæнæн диетæйы руаджы центры рынчынты сæ къæхтыл слæууын кæнынц. Дохтыртæ æрмæст сæ фæлтæрддзинад æмæ узæлдæй нæ, фæлæ ног технологитæй дæр æнтыстджынæй пайда кæнынц. Кæй фæнды, уыдоны ахуыр кæнынц компьютерæй пайда кæнын.
Æз мæхиуыл банкъарын центры æмзонд, æмвæнд коллективы узæлд. Раст цыма ногæй райгуырдтæн, афтæ мæм фæкæсы, ме уæнгты ист, мæ къахдзæф фæрогдæр вæййы. Æмæ та ног хъарутимæ æрлæууын мæ уарзон куысты сæргъы.
Геронтологон центры кусджытæн мæ бон стыр хорздзинæдтæ ракæнын нæу, фæлæ мæ мæ уарзон газеты фæрстыл зæрдиаг арфæ ракæнын фæнды медицинон уагдоны разамонæг Цæллагты Людмилæ, дохтыртæ Гаджиты Зæлинæ, Дзебойты Беллæ, Гокъоты Зæлинæ, психолог Суанты Анжелæ, медицинон хотæ Галинæ Сарапулова, Дзеранты Стеллæ, Хетæгкаты Жаннæ, сæнитаркæтæ Бæзойты Ларисæ æмæ Гобозты Марияйæн. Алчидæр сæ йæ бынаты у профессионал, æнтыстджынæй æххæст кæны йæ хæстæ, куыдфæндыйы цæстæй сæм нæ кæсы. Гыццыл бузныджы ныхæстæ нæ фехъусынц сæ бæрныгонд адæмæй, æмæ сыл æз дæр бафтаудзынæн. Уæ уды хъарм дæттут, уæ зонындзинæдтыл нæ ауæрдут, æххуысмæ уæм чи цæуы, уыцы ас адæмæн, æмæ уæ цæрæнбон бирæ, æнæниз æмæ æнæмастæй цæрут, дохтыры сæр уæ макæд бахъæуæд. Мæ бæсты уын иунæг кадджын Хуыцау арфæгæнæг уæд!

Владимир КРОТОВ, Беслæн

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here