Дипломон куыстытæ хъахъхъæнынц

0
273

Цæгат Ирыстоны медицинон колледжы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз 582 студенты каст фæуыдзысты амынд ахуыргæнæндон.

– Колледжы ахуыргæнджытæ æмæ дзæбæхгæнæндæтты сæйраг дохтыртæ кæдæм хауынц, студенттæ сæ дипломон куыстытæ æнтыстджынæй хъахъхъæнынц ахæм паддзахадон аттестацион къамисы раз. Алыхуызон тематикæимæ дипломон куыстытæ бар дарынц астæуккаг медицинон æмæ фармацевтон кусджытæм, – зæгъы ахуыргæнæндоны минæвар.
Цыдаты Татьянæ кæй сæргъы лæууы, уыцы аттестацион къамисы уæнгты ныхасмæ гæсгæ, студенттæ ахуырады заман ист хорз теорион æмæ практикон зонындзинæдтæй фæстæдæр арæхстджынæй кæй пайда кæндзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.

КОЧИТЫ Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here