Парламентариты æмгуыстад – регионты пайдайæн

0
220

Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламент бафыста æмгуыстады тыххæй Бадзырд Саха Якутийы республикæйы Паддзахадон æмбырдимæ (Ил Тумэн). Бадзырд бафысджыты къухæвæрдтимæ документ фæпайда уыдзæн регионты ’хсæн хæлардзинадæн, фидар барадон ахастдзинæдты хъомысджын архайдæн.

Ацы аз Ил Тумэныл æххæст кæны æртын азы. Дыууæ регионы иу фæзы баиу кодта Цæгат Ирыстон, Башкортостан æмæ Ростовы облæсты парламентаритæ. Уæрæсейы Федерацийы регионты минæвæрттимæ куыстадон фембæлд сарæзта Якутийы Сæргълæууæг Айсен Николаев. Уый фæбæрæг кодта пайдаджын æмгуыстады бындур аразынæн кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй пайда кæныны, бæстæйы рæзт æмæ национ нысантæ æххæст кæнынæн ахæм фембæлдтыты ахсджиагдзинад. Якутийы Паддзахадон æмбырды сæрдар Алексей Еремеев æмбырды архайджыты базонгæ кодта Парламенты архайды сæйрагдæр нысантимæ æмæ радзырдта регионалон æмæ федералон закъонад фæхуыздæр кæныны мадзæлтты тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй ацы боны геополитикон уавæрты Уæрæсейы Федерацийы субъектты ‘хсæн æмгуыстад бæстæйы иу-
дзинад фидардæр кæны.
Нæ республикæйы Парламенты спикер Тускъаты Таймураз йæхирдыгæй бафиппайдта, Уæрæсейы регионты рæзтæн стыр пайда кæй сты æххуысы мадзæлттæ, уыдонимæ – национ проекттæ æххæстгонд кæй цæуынц, уый дæр.
«Регионты фæлтæрддзинад вазыгджын æмæ хъæугæ хъуыддаг у. Якутийы размæцыд уынæм, хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы экономикæ, социалон æмæ промышленнон æзты. Цымыдисаг у рес-
публикæйы размæцыды фæзуæттæ аразыны фæлтæрддзинад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, лæмбынæг æркæсын æмæ спайда кæнын æмбæлы Якутийы регионалон инвестицион стандартæй – уый экономикæйы æххуысæн хорз хотых у. Фæбæрæг кæнын ма æмбæлы уый дæр, æмæ Якути кæй сфидар кодта экономикæйы æнæ хомаг къабæзты рæзты тыххæй документ – уый æхсызгон хъæуы мах республикæйы дæр, æмæ ацы къабазы дæр сæрæнæй æмгуыстадыл архайдзыстæм», – загъта Тускъаты Таймураз. Спикер ма йæ ныхæстæм бафтыдта, тынг æхсызгон ын кæй у Якутийы бæркад æмæ фарны æппæтадæмон Ысыах Туймаады бæрæгбоны архайын. Уый егъау культурон цау у Республикæ Сахайы, фидардæр кæны адæмон традицитæ æмæ удон-хæрзæгъдаудзинады хæзнатæ. Тускъаты Таймураз зæрдæбын арфæ ракодта Якутийы æппæт цæрджытæн дæр.
Дарддæр ныхас кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны закъонæвæрæг оргæны разамонæг æрымысыд Якутийы поселок Айхалы бындурæвæрæг, ирон адæмы минæвар Къадзты Алыксандры фырт Георгийы. Не ‘мзæххоны зонындзинæдтæ, удуæлдай фæллойадон сгуыхтдзинæдты руаджы нæ бæстæйы фæзынд алмаситæ амал кæныны сæйрагдæр центр. Къадзты Георгийы номыл Айхалы ис сквер, ам ын æвæрд ис цыртдзæвæн, йæ ном цы бынæттон скъола хæссы, уым та – номарæн фæйнæг.
«Æхсызгон у, Цæгат Ирыстон Якутиимæ ахæм историон цауæй баст кæй у. Æмæ абон, æмгуыстады тыххæй Бадзырд бафысгæйæ, мах ноджы фидардæр кæнæм нæ зæрдæхæлар бастдзинæдтæ, архайæм парламентон æмгуыстад фæуæрæхдæр кæныныл, нæ адæмты цардыл хорзæрдæм чи фæзындзæн, ахæм хуыздæр закъонадон уынаффæтæй кæрæдзийæн», – кæронбæттæны загъта Тускъаты Таймураз.

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here