Уæлæмхасæн мызд

0
297

Ацы аз æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ сывæллæтты ныййарджытæн сараздзысты æппынкъаддæр 20 мин ахуырадон æмæ æндæр æмбарынгæнæн дзыллон мадзалы.

Национ проект «Ахуырад»-мæ хауæг федералон программæ «Нырыккон скъола»-йы архайды фæрцы цæгатирыстойнаг Æвзæрхъусæг æмæ æвзæруынæг сывæллæтты комплексон реабилитацион-ахуырадон æмæ Психологон-педагогон реабилитацийы центртæн радтой, æмткæй райсгæйæ, 5,5 милуан сомы бæрц дыууæ гранты. Ацы фæрæзтæ бахардз кæндзысты амынд центртæм хауæг, стæй скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæм цæуæг сывæллæттæн лæвар психологон-педагогон æмæ диагностикон æххуыс кæныны хъуыддагыл.
Æрвылбон педагогтæ-дефектологтæ сæдæгай сывæллæттæн æхсæнадыл сахуыр уæвыны хъуыддаджы æххуыс кæнынц, стæй сывæллæтты ныййарджытимæ кусынц. Æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ сывæллæттимæ архайын кæд æнцон нæу, уæддæр æппæт сывæллæттæн цæмæй æмхуызон фадæттæ уой, психологтæ ууыл архайынц. Амынд æууæл нымайгæйæ, рахастæуыд скъолатæ æмæ рæвдауæндæтты æнæниздзинады цыбыргонд гæнæнтимæ сывæллæттимæ кусæг психологтæн, дефектологтæ æмæ æндæр специалисттæн æрвылмæй 15 мин сомы бæрц уæлæмхасæн мызд фидыны уынаффæ.
(«Ир-Информ»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here