Цæрджыты æдасдзинад – сæйрагдæр

0
226

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло скодта терроризмы ныхмæ республикон къамисы æмбырд, уырдæм фæсидт Оперативон штабы уæнгтæм дæр. Æмбырды архайдта Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджыны хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров.
Рæгъмæ рахастæуыд цалдæр ахсджиаг фарстайы, семæ – терроризмы идеологийы ныхмæ мадзæлттæ, дины, санаторон-курортон кусæндæтты, фысымуæтты комплексы, алыхуызон зыгъуыммæ хъуыдыты бахауæг æрыгæттимæ ахадгæдæр бакусыны нысантæ. Къамисы уæнгтæм сидгæйæ, Сергей Меняйло æргом аздæхта нæ регионы æдасдзинадмæ, йæ бахъахъхъæныны нысантæ хъуамæ фæтыхджындæр уой.
«Ныртæккæ цы уавæрты цæрæм, ноджы ма, Дагестаны цаутæ нымайгæйæ, уæдæ, нæ размæ цы бакæнинаг хъуыддæгтæ лæууы, уымæ гæсгæ фылдæр æргом аздахæм æдасдзинадмæ», – загъта Сæргълæууæг. Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой санаторон-курортон комплексы, сывæллæтты дзæбæхгæнæн организациты, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон республикæтæй, Запорожье æмæ Херсоны облæсттæй ссæуæг лыгъд адæмы террорæй бахъахъхъæныны фарстатыл.
Фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнтæ æппæт мадзæлттæй дæр пайда кæнынц террорæй бахизыны тыххæй. Ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ та радзырдта, терроризмы идеологийы уацары бахауæг æрыгæттимæ куыд кусынц, уый тыххæй. Йæ хатдзæгмæ гæсгæ абон нæ ахуырады иунæг ахæм адæймаг дæр нæ рабæрæг, фæлæ 2024 азæй ахæм тæссаг фæзындтæ ма ‘руадзыны специалисттæ кæнынц хъæугæ ахадгæ мадзæлттæ фæсивæды, рæзгæ фæлтæрты ‘хсæн.
Алыбегты Эллæмæ гæсгæ ахуырдзауты æдасдзинадæн хорз ахъаз у, ахæм зыгъуыммæ, тæссаг цаутæ ма ‘руадзыны куыст. Уый тыххæй, министры ныхасмæ гæсгæ, ахуыргæнæндæтты æппынæдзух цæст дарынц социалон-психологон уавæрмæ, кæнынц сын тесттæ. Ацы æмбырды байхъуыстой, Терроры ныхмæ национ комитет æмæ РЦИ-Аланийы Терроры ныхмæ къамисы æмбырдты цы уынаффæтæ рахастой, уыдон æххæстгæнæг, бынæттон хиуынаффæйады æмæ хæдзарадон куыстуæтты разамонджытæ куыд сæххæст кодтой, уымæ.
Уыдæттыл уыд йæ раныхас РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æххуысгæнæг Олег Барановæн. Куыд бацамыдта, афтæмæй, ахæм бæрнон комитет æмæ къамисы уынаффæтæй йæхи иуварс чи кæны, уыдон хъæуы æфхæрын. Сергей Меняйло æмбырды архайджыты зæрдæтыл æрлæууын кодта, 2024 азы 1 июлæй, йæ тыхы кæй бацыд, террорæй бахъахъхъæны тыххæй закъон. Уымæ гæсгæ, йæ уынаффæтæ æххæстгонд куы нæ цæуой, уæд адæймагæй уголовон бæрнондзинад бадомдзысты.
Æмбырды ма байхъуыстой дины организацитæ террорæй бахъахъхъæныны фарстамæ, уымæй дарддæр æрныхас кодтой, республикæйы æдасдзинады охыл федералон автомобилон фæндаг «Кавказ»-ы 512-æм километрыл цæстдарæн-гæрæнты пост цæмæй йæ архайд дарддæр æххæст кæна, ууыл.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here