Нæ газеты ног рубрикæ «Базон-базон»-ы фыццаг рауагъд нæ бауагъта стыр ныфс — «Рæстдзинад»-ы иузæрдион хæлæрттæ йæ уарзынц, стырзæрдæ йыл нæ кæнынц, цы ‘рмæджытæ дзы раттæм, уыдонимæ зонгæ кæнынц æхсызгонæй, æрбадзурынц редакцимæ, фæзæгъынц сæ хъуыдытæ, арфæтæ дæр ракæнынц. Æмæ уый, бæгуыдæр, æхсызгон у газеты журналисттæн — æгайтма нын нæ куыстæн аргъ кæнынц, нæ хорзмæ нын бæллынц.
Нæ ног рубрикæ «Базон-базон»-ы мах ныммыхуыр кодтам «Цæмæн хъуыдысты ацы рагон дзаумæттæ?», зæгъгæ, ахæм фарсты бынмæ къуымбилы куысты кусæнгæрзты нывтæ. Уыдонæй ма абон Ирыстоны пайда кæнынц стæмтæ, фæлæ раздæр заманты ахстой стыр бынат ирон адæмы царды. Мах ракуырдтам газеткæсджытæй, цæмæй нын ранымайой уыцы кусæнгæрзты нæмттæ. Раст дзуаппытæ фыццагдæр чи ‘рбарвита, уыдоны нæмттæ та, фыстам, ныммыхуыр кæндзыстæм нæ газеты. Æмæ ныр æххæст кæнæм нæ ныхас.
Телефонæй нæм æрбадзырдтой æмæ къуымбилы кусæнгæрзтæ раст бацамыдтой: Фидараты-Гуыссауты Ханиффæ — Дзæуджыхъæуæй, раздæр царди Гæлиаты, Бирæгъзæнгæй Зæнджиаты-Гæбуты Валя, дзæуджыхъæуккæгтæ Хæмыцаты-Гуыриаты Риммæ, Хъалæгаты-Плиты Тауырзæт æмæ Коцойты-Агънаты Заремæ, Хуытъинаты-Æгайты Бэлæ — Алханчуртæй, Толасты-Берозты Тамарæ Джимарайæ, Гетъоты-Куыдзойты Милæ — Дигорайæ, Хæмыцаты Раман — Зилгæйæ, Хуыбиаты Никъала — Цхинвалæй, Баситы Надеждæ — Цъæйæ.
Надеждæ фæкуыста 50 азы бæрц райдайæн кълæсты ахуыргæнæгæй. Раст банымадта уый дæр газеты нывты нæмттæ, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта, сæ фенд ын тынг æхсызгон кæй уыди, сæ бинонты хистæр сылгоймæгтæ дзы бирæ кæй фæкуыстой. Абон дæр Надямæ ис, йе ‘фсинæй чи баззад, къуымбилы куысты ахæм дзаумæттæ.
Зæрдиаг арфæ кæнæм, уæлдæр кæй ранымадтам, уыцы хорз адæмæн, æмæ дарддæр дæттæм нæ газеты фарсыл ахæм рубрикæйы бынмæ къуымбил æмæ цæрмтты куысты мигæнæнты нывтæ. Уыдонæн дæр сæ разы амынд нымæцтæм гæсгæ хъæудзæн зæгъын сæ нæмттæ æмæ нысаниуæг.
Æрбадзурæн та уыдзæн мæнæ ахæм телефонæй: 8-962- 746-80-10, кæнæ нæ электрон постмæ (ис газеты 4-æм фарсыл рахизырдыгæй къуымы)
Рагацау та уын зæгъæм — бузныг!
Кæронбæттæны уын ранымайдзыстæм, амæй размæ нывты кæй федтат, уыцы кусæнгæрзты нæмттæ: 1. Æлхуый. 2. Цъæгъæдз. 3. Фæтдзæгъдæн. 4. Пирæн. 5. Къуымбилдзæгъдæн кау. 6. Тынуафæн бандон. 7. Æлвисæн.
ХÆМЫЦАТЫ Морис














