Æнустæм фæрнæй цæр, Ирыстон!

0
101

Нæ республикæ сбæрæг кодта йæ автономийы 100 азы бон. Бæрæгбоны кадджын мадзæлттæ райдыдтой Цæгат Ирыстоны, Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театры. Мадзалы архайджытæн зæрдиаг арфæтæ нæ республикæйы номæй ракодтой: УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий ЧАЙКА, РЦИ-Алани æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæргълæуджытæ Сергей МЕНЯЙЛО, ГАГЛОЙТЫ Алан æмæ УФ-йы сенатор МАМСЫРАТЫ Таймураз.
Цæгат Ирыстоны рæсугъд бæрæгбонмæ æрцыдысты нæ сыхаг республикæты сæргълæуджытæ: Рамзан Кадыров, Махмуд-Али Калиматов, Республикæ Дагестаны Хицауады Сæрдары хæдивæг Рамазан Джафаров, Хъæрæсе-Черкесийы республикæйы вице-премьер Мурат Суюнчев, Республикæ Кæсæг-Балхъары Сæргълæууæджы Администрацийы разамонæг Мухамед Кодзоков, Астрахан æмæ Бетъырбухы делегацитæ.
Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины номæй нæ респуб-ликæйы цæрджытæн зæр-диаг арфæты фыстæг бакаст Юрий Чайка.
— Цæгат Ирыстоны автономон облæсты равзæрды 100 азы юбилейы фæдыл уын арфæтæ кæнын. Цы бирæ адæмыхæттытæ цæры республикæйы, уыдон нæ бæстæйы культурон-æхсæнадон цардмæ зынгæ æвæрæн бахастой. Не знæгтæ афтæ хъуыды кæнынц, æмæ нæ бæстæйы бирæ нацитæй алчидæр йæхицæн у, фæлæ нын истори равдыста, æппæты уæззаудæр рæстæджыты нæ хистæртæ æмæ абон нæ кæстæр фæлтæртæ Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард дæр кæй не ‘вгъау кодтой æмæ кæнынц, уый. Республикæ бирæ хъæбатыр хæстонтæ æмæ хъайтартæ балæвар кодта нæ бæс-тæйæн, зындгонд ахуыргæндтæ æмæ фысджыты, аивады дæснытæ æмæ æхсæнадон архайджыты, йæ сыгъдæг фæллойæ Райгуырæн бæстæйæн кад чи скодта, ахæм адæймæгты. Æхсызгон у, абон дæр ирыс-тойнæгтæ зæрдиагæй кæй архайынц нæ иумæйаг æхсæнадон фарстатæ æххæст кæныныл, экономикæ æмæ социалон къабæзты алыхуызон егъау проекттæ æххæст кæныны хъуыддæгты. Сæдæ азы юбилей — уый стыр бæрæгбон у, ацы фæрнджын бæстæ чи уарзы, йæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ культурон-историон хæзнатæ зынаргъ кæмæн сты, уыдонæн. Цæгат Ирыстон социалон, туризмы, хъæууон хæдзарады, промышленность æмæ иннæ къабæзты йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыцы хæстæ æнтыстджынæй рæзынц. Æххæстгонд æмæ арæзт цæуынц инвестицион æмæ инфраструктурон проекттæ. Ирыстойнаг æфсæддонтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы цы хъæбатырдзинад æвдисынц, уый та радзургæйæ нæу. Уырны мæ, федералон æмæ регионалон æмвæзадыл цы нысантæ æххæстгонд цæуынц, уыдон кæй сты арæзт алы адæймаджы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, ног уæлахизтæн, — загъта Юрий Чайка.
УФ-йы Президенты Æххæстбарджын минæвар паддзахадон бæрзонд хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы раздæры Сæргълæуджытæ Мамсыраты Таймураз æмæ Битарты Вячеславы.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло бæрæгбоны архайджытæн арфæтæ ракодта æмæ ра-дзырдта нæ республикæйы равзæрды историйы фæдыл бæрæггæнæнтæ.
— Цæгат Ирыстоны автономон облæстæн бындур æвæрд æрцыд 1924 азы. Æмæ канд автономийы сæдæ азы нæ бæрæг кæнæм, фæлæ Ирыстон Уæрæсеимæ йæ хъысмæт куы сбаста, ууыл рацыд 250 азы æмæ нæ уарзон Дзæуджыхъæуы райгуырæн боны 240 азы юбилейтæ. Ацы истори нæ бирæнацион республикæйæн егъау санчъех уыдис. Фыстой йæ алы азты адæм, æмæ нæ бæстæйы Президент хуымæтæджы нæ загъта, нæ традицитæ, культурæ, истори æмæ æгъдæуттæй хъæздыг æмæ тыхджын кæй стæм. Абон Украинæйы зæххыл цы хæст цæуы неонацистты ныхмæ, уым нæ лæппутæ иннæ регионты æфсæддонтимæ иумæ хъæбатырæй хæцынц. Сæ кад æмæ сгуыхтдзинæдтæй сæрыстыр стæм, æмæ фидарæй зæгъдзынæн, Ирыстон кæддæриддæр кæй уыдис Намысы бæстæ, — загъта Сергей Меняйло.
Мамсыраты Таймураз та арфæтæ ракодта Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенкойы номæй.
— Республикæ алы рæстæджыты дæр архайдта æмæ архайы канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт бæстæйы фæрныгадыл дæр, адæмты æхсæн æфсымæрдзинады тæгтæ бæттыныл, рæсугъд фидæны цардмæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæныныл. Ирыстон рагæй йæхимæ æлвæста алы адæмты, цымыдисаг æмæ уарзон географион фæз у абон дæр алкæмæн. Бирæ зындгонд адæймæгтæ бахъомыл кодта нæ бæстæйы амондæн, æмæ сæрыстыр стæм сæ фæллойæ. Нæ хуссайраг регионы цæрджытæн мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, зæрдæрухс, амонд æмæ ноджы фылдæр уæлахизтæ, — загъта Мамсыраты Таймураз.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан дæр бæрæгбоны арфæтимæ фæнысан кодта, Уæрæсеимæ нæ хъысмæт, нæ фæндæгтæ иу кæй сты, æмæ кæй архайдзыстæм сабырдзинад тауыныл, нæ иумæйаг хæдзар — Уæрæсейы хæрзамондыл.
Юбилейон мадзæлтты паддзахадон хæрзиуджытæй хорзæхджын æрцыдысты, нæ республикæйы кадыл кад чи æфтауы, уыцы фæллойгæнджытæ. Афтæ, УФ-йы Президенты Указмæ гæсгæ, «Мать — героиня»-йы кадджын ном лæвæрд æрцыд, дæс сывæллоны чи схъомыл кодта, ахæм сылгоймаг Тогойты Валентинæйæн.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указмæ гæсгæ, театралон аивад æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй орден «Ирыстоны намыс»-æй хорзæхджынгонд æрцыд уæлæмхасæн ахуырады центр «Интеллект»-ы ахуыргæнæг Бекъойты Розæ.
Майдан «Ирыстоны намысæн»-æй хорзæхджынгонд æрцыд сылгоймæгты моладзандоны игуменья Багаты Ноннæ.
Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæг ссис Мæздæджы районы Веселæйы хъæуы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Годжиаты Верæ.
Цæгат Ирыстоны сгуыхт металлурджы кадджын ном лæвæрд æрцыд акционерон æхсæнад «Победит»-ы кусæг Дмитрий Дудкинæн.
Цæгат Ирыстоны сгуыхт дохтыр та сси Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг Хабæты Ланæ.
Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисты ном лæвæрд æрцыд Мариинаг паддзахадон академион театры балетмейстер Суанты Валерийæн.
Уыцы бон бæрæгбоны мадзæлттæ дарддæр цыдысты Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы æмæ Сабырдзинады проспекты. Уыдис дзы хъæууонхæдзарадон продукци æмæ чингуыты армукъатæ, гастрономон фæзтæ, нарты хъæзтытæ… Нæ республикæйы музейты та фенæн уыдис цымыдисаг равдыстытæ Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы кадæн.
Изæры та Сæрибары фæзы ацыд концерт. Йæ музыкалон уацмыстæй иуы ссардтой, Беслæны 2004 азы террористты къухæй чи фæмард, уыцы скъоладзаутæ, ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ спецназы хъæбатырты рухс нæмттæ. Цалдæр уацмысы ма саккаг кодтой ирон кинойы аивадæн дæр. Азарыдысты нæ уарзон ирон кинонывты зарджытæ. Æнæрхъуыдыйæ нæ баззад Ирыстоны спортивон къабаз дæр. Цæрикъаты Феликс акодта зарæг нæ футболон клуб «Спартак-Алани»-йыл. Концерты архайдтой нæ республикæ æмæ нæ бæстæйы музыкалон къордтæ, зарæггæнджытæ Газайты Еленæ, Алексей Чумаков, Мæскуыйы Борис Щукины номыл Театралон институты ректор Евгений Князев æмæ иннæтæ.
Бæрæгбоны архайджытæй бирæтæ лозунгы хуызы хъæр кодтой «Æнустæм цæр, нæ уарзон Ирыстон!»

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here