Туристон афон йæ тæмæны бацыд. Цæгат Ирыстоны дæсгай мин уазджыты зæрды ис хохмæ ацæуын æмæ дзы рæсугъд æрдзон нывтæ фенын. Адæймаг фæлладуагъдæй цæмæй райгонд уа, уый тыххæй æдасдзинады фарстамæ здахын æмбæлы фыццаградон æргом.
Нырæй фæстæмæ экскурсиамонджытæ, гидтæ æмæ инструктортæм æнæ æнæмæнг ацæуинаг аттестацийæ кусыны бар нæй. «Туризмы тыххæй» федералон закъонмæ срастгæнинæгтæ куы бахастой, уæд ног фæтк архайын райдыдта. Ацы æууæлæн ис стыр ахадындзинад. Экскурсиамонæгмæ æдасдзинадæн ахъазгæнæг фаг зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад ис æви нæй, лæггадæлхæнæг турист уый хъуамæ бæлвырдæй зона.
Экскурсиамонæгмæ Хъараугомы цъитимæ туристты æрбахоныны бар ис æви нæй, уый зонын хъæуы. Ацы æмæ æндæр фарстытæн дзуаппытæ фыст сты номхыгъды. Туристтæн ис экскурсиамонæджы дæсныдзинады къæпхæн QR-код æмæ иумæйаг номхыгъды фæрцы сбæлвырд кæныны фадат. Республикæйы уазджытæ ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ рагон царды тыххæй æрымысгæ хабæрттæ кæй хъуамæ ма хъусой, уый тыххæй гидтæ æмæ экскурсиамонджыты куыстмæ цæст дарын æмбæлы. Экскурсиамонджыты цæттæ кæныны программæйыл бакусдзысты.
Ныртæккæ 82 цæгатирыстойнаг гидмæ ис кусыны бардæттæг гæххæттытæ. Туристтимæ кусын кæй фæнды, уыцы адæмы хæс у республикæйы Туризмы комитеты æнæмæнг аттестаци ацæуын.
ГУГКАТЫ Жаннæ